Цхинвалы равдисдзысты спектакль "Ромео и Джульетта"

© Sputnik / Анна КабисоваЦхинвалы равдисдзысты спектакль "Ромео и Джульетта"
Цхинвалы равдисдзысты спектакль Ромео и Джульетта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зынгӕ англисаг драматург Уильям Шекспиры уацмыс цхинвайлӕгтӕ фендзысты ӕвзонг труппӕ ӕмӕ режиссер Уалыты Гивийы бакастӕй

ЦХИНВАЛ, 25 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон театры сценӕйыл бавдисдзысты режиссер Уалыты Гивийы спектакль "Ромео и Джульетта". Уильям Шекспиры ӕнусон уарзондзинады истори цхинвайлаг ӕхсӕнады размӕ рахӕсдзысты сылгоймӕгты ӕхсӕнадӕмон боны агъоммӕ, фехъусын кодта Sputnik режиссер, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Кӕсӕг-Балхъары сгуыхт артист Уалыты Гиви.

Балеты артистка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвал ӕнхъӕлмӕ кӕсы балеты рцыдмӕ

Хуссар Ирыстоны паддзахадон театр йӕ ног бӕстыхаймӕ бацыды фӕстӕ Цхинвалы зынгӕ фӕхъӕзныгдӕр ис культурон цард – ӕхсӕнад федта спектакль "Фатима"-йы премьерӕтӕ, сног сты аннӕ спектакльты равдысттӕ, марты ӕнхъӕлмӕ кӕсынц балеты ʻрцыдмӕ ӕмӕ Цӕгат Иры Ирон театры гастрольтӕм.

"7 марты Цхинвалы бавдисдзыстӕм спектакль "Ромео и Джульетта". Тынг ӕвзонг труппа йӕ ныфс бахаста ахӕм разагъды уацмыс сӕвӕрын. "Ромео и Джульетта"-йы цы къорд архайы, уыдонӕй 18 азӕй фылдӕр никӕуыл цӕуы - нӕ хъайтартӕ сты Шекспиры сӕ куыд фыста, уыцы кары. Мӕн уырны спектакльмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы уӕрӕх гастролон цард. Ӕхсызгон мын у, фыццаг нӕ кӕй ӕрфысым кӕндзысты не ʻфсымӕртӕ Цхинвалы", - загъта Уалыты Гиви.

Уый ма банысан кодта, Цхивалы равдыст ацӕудзӕн Хуссар Иры паддзахадон театры директор Уалыты Мадинӕ ӕмӕ аивадон къухдариуӕггӕнӕг Дзудцаты Тамерланы фӕхуындмӕ гӕсгӕ.

"Нӕ фӕнды уыд фыццаг Ирон театры труппа ӕрхонын, фӕлӕ уал бӕрӕгбоны хӕдразмӕ фӕсивӕдон труппӕ Уалыты Гивийы разамынадӕй ӕрхуыдтам. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Хуссар Иры ног театры сценӕйыл фыццӕгтӕй иу хъуамӕ ралӕууой нӕ цӕгаттаг коллегӕтӕ", - загъта директор Уалыты Мадина.

Зынгӕ англисаг драматург Уильям Шекспиры уацмыс сӕвӕрдтой Тӕбӕхсауты Балойы номыл Ирон театры сӕйраг режиссер Уалыты Гиви ӕмӕ Мариинаг театры Цӕгат Ирыстоны уӕвӕг филиалы сӕйраг балетмейстер Суанты Валерий ӕвзонг актертимӕ. Спектакль Дзӕуджыхъӕуы бавдыстой азы райдайӕны.

© Sputnik / Анна КабисоваСпектакль "Ромео и Джульетта"
Цхинвалы равдисдзысты спектакль Ромео и Джульетта - Sputnik Хуссар Ирыстон
Спектакль "Ромео и Джульетта"
Ног хабӕртты лентӕ
0