Хуссар Иры райстой паддзахадон тырысайы фӕдыл закон

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры райстой паддзахадон тырысайы фӕдыл закон
Хуссар Иры райстой паддзахадон тырысайы фӕдыл закон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тырысайы фӕдыл уагӕвӕрд нӕ дзуапп кодта республикӕйы Конституцийы домӕнтӕн

ЦХИНВАЛ, 27 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент цыппӕрӕмы райста республикӕйы паддзахадон тырысайы фӕдыл закон. Законы проекты фӕдыл хъӕппӕрис бахаста Ныхас партийӕ депутат Бесаты Зита.

Зилæ-хохмæ сцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлахизы юбилеймæ: Абхазы тырыса "схызт" Зилгӕ-хохмæ

Абоны боны онг республикӕйы уыд паддзахадон тырысайы фӕдыл уагӕвӕрд, кӕцы сфидар кодта Уӕлдӕр Совет 1992 азы. Ахӕм уагӕвӕрд нӕ дзуапп кодта Конституцийы домӕнтӕн.

"Законы проектыл куысты рӕстӕджы хыгъдмӕ райстам депутатты фӕндонтӕ", - загъта парламенты законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады фӕдыл комитеты сӕрдар Тедеты Нона.

Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй райстой закон.

Ног хабӕртты лентӕ
0