Цхинвалы скъола-интернаты директоры схорзӕхджын кодтой парламенты Кады грамотӕйӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы скъола-интернаты директоры схорзӕхджын кодтой парламенты Кады грамотӕйӕ
Цхинвалы скъола-интернаты директоры схорзӕхджын кодтой парламенты Кады грамотӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы къухдариуӕгад стыр хъусдард здӕхы скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕм, банысан кодта Тедеты Роланд

ЦХИНВАЛ, 28 фев — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр радта Цхинвалы скъола-интернаты директор Тедеты Роландӕн парламенты Кады грамотӕ.

Тедеты Роландӕн ацы хорзӕх радтой йӕ стыр хайбавӕрды тыххӕй рӕзгӕ фӕлтӕры хъомылады хъуыддагмӕ.

Тедеты Роланд загъта бузныг депутаттӕн йӕ куыстӕн кӕй саргъ кодтой, уый тыххӕй.

"Сывӕллӕттӕ сты махӕн нӕ сомбон. Интернаты хъомыл кӕнынц ахӕм категорийы сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ бахаудтой царды зын уавӕрты. Фӕнды мӕ банысан кӕнын президент, парламент ӕмӕ ӕппӕт къухдариуӕгады хъусдард ацы сывӕллӕттӕм", - загъта Тедеты Роланд.

Парламенты Кады грамотӕ ма райста парламенты информацион-аналитикон хайады аналитикӕйы дӕлхайады хъистӕр Хъуылымбегты Елена. Уый райста хорзӕх йӕ хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ Хуссар Ирыстоны сывӕллӕттӕн хӕрзаудӕн ӕххуысы тыххӕй.

© Пресс-служба Парламента Парламенты Кады грамотӕ райста парламенты информацион-аналитикон хайады аналитикӕйы дӕлхайады хъистӕр Хъуылымбегты Елена
Цхинвалы скъола-интернаты директоры схорзӕхджын кодтой парламенты Кады грамотӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Парламенты Кады грамотӕ райста парламенты информацион-аналитикон хайады аналитикӕйы дӕлхайады хъистӕр Хъуылымбегты Елена
Ног хабӕртты лентӕ
0