Бизнесӕн ӕххуыс: Цхинвалы ӕрдзырдтой уӕлбар кредиткӕнынадыл

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы хицауады радзырдтой чысыл амалиуӕгадӕн ӕххуысы фӕдыл кредитты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 12 мар - Sputnik. 2019 азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ Уӕлбар кредиткӕнынады фонды советмӕ бацыд кредит райсыны фӕдыл 90 куырдиат, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Иры уӕлбар кредиттӕ райстой 49 амалиуӕггӕнӕджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры уӕлбар кредиттӕ райстой 49 амалиуӕггӕнӕджы

Советы рабадты рӕстӕджы банысан кодтой, сӕйраджыдӕр кӕй ӕркӕсынц хъӕууон хӕдзарады фадыджы проекттӕм – 14 куырдиатӕй хорзыл банымадтой 11, иннӕтӕм нырма хъӕуы ӕркӕсын.

Советы сӕргълӕууӕг, экономикон райрӕзты министрады социалон-экономикон нывӕзтытӕ аразыны хайады хистӕр Бибылты Нонна банысан кодта, проекттӕ иууылдӕр лӕмбынӕг кӕй басгарынц.

"Мах басгарӕм бизнес-проекттӕ иууылдӕр. Советы хӕслӕвӕрд у хъус дарын уӕлбар кредитты фӕрӕзтӕй пайда кӕнынмӕ", - загъта Бибылты Нонна.

Афтӕ ма бизнес-проекттӕм хъӕуы хъус дарын сӕ реализацийы алкӕцы этапыл дӕр, цӕмӕй сӕххӕст кӕной кредиттӕ фӕстӕмӕ раздӕхыны механизмтӕ, банысан кодтой рабадтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0