Петербурджы хицауад баххуыс кӕндзӕн ӕрбаздахын инвесторты Хуссар Ирмӕ

© Пресс-служба посольства РЮО в РФ Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйы губернаторы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Александр Беглов
 Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйы губернаторы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Александр Беглов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Социалон-экономикон ӕмгуыстад ӕмӕ алыгъуызон программӕты реализацийыл ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы ӕмӕ Санкт-Петербурджы губернаторы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг

ЦХИНВАЛ, 13 мар – Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ инвесторты ӕрбаздахын ӕмӕ республикӕйы продукци Санкт-Петербурджы реализаци кӕныныл ӕрдзырдтой Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйы губернаторы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Александр Беглов, хъусын кӕны хуссарирыстойнаг минӕварады пресс-службӕ.

Бибылты Анатолий хайад райста Продэкспо равдысты Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий хайад райста "Продэкспо" равдысты Мӕскуыйы

Афтӕ ма минӕвар ӕмӕ регионы разамонӕг ӕркастысты Хуссар Ирыстоны хицауад ӕмӕ Санкт-Петербурджы администрацийы ӕхсӕн базарадон-экономикон, зонадон-техникон ӕмӕ культурон ӕмгуыстады фӕдыл бадзырдмӕ.

Хуссар Ирыстоны минӕвар загъта бузныг Александр Бегловӕн ӕмӕ президент Бибылты Анатолийы номӕй раарфӕ кодта Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйӕн.

Александр Беглов банысан кодта, Санкт-Петербург ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕмархайд дарддӕр кӕй фидар кӕндзӕн дыууӕ паддзахады ӕхсӕн ӕмгуыстад.

Афтӕ ма фарсытӕ загътой сӕ хъуыды Санкт-Петербурджы Ирон минӕварады бакондыл 270 азы сӕххӕсты бӕрӕгбоны тыххӕй. Беглов бахахх кодта, зӕгъгӕ, баххуыс кӕндзӕн сорганизаци кӕнын ацы бӕрӕгбон.

Ног хабӕртты лентӕ
0