Хуссар Иры санитарон уагдон расидт гом дуӕртты къуыри

© Sputnik / Наталья АйриянКоцты Марина
Коцты Марина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны сӕйраг санитарон дохтыр радзырдта Sputnik пресс-центры, куыд нысан кӕндзӕн йӕ уагдон Ӕхсӕнадӕмон фӕлхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны бон

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik, Козаты Диана. Югосетпотребнадзор расидт Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн гом дуӕртты къуыри, загъта Sputnik пресс-конференцийыл сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Дукани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Югосетпотребнадзор расидт Фӕлхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны бонӕн нывонд акци

Пресс-конференци уыд нывонд Ӕхсӕнадӕмон фӕлхасгӕнджыты бартӕ хъахъхъӕныны бонӕн.

"Мах бирӕ хъуыды кодтам, куыд банысан кӕнӕм ацы бон ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам расидын цӕрджытӕн гом дуӕртты къуыри. Алкӕцы цӕрӕгӕн дӕр ис фадат ӕрбацӕуын махмӕ алыгъуызон фарстимӕ ӕмӕ йыл мах сдзуапп кӕндзыстӕм", - загъта Коцты Марина.

Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг банысан кодта, хуссарирыстойнаг фӕлхасгӕнджыты кӕй хъахъхъӕныны ӕмбӕлгӕ закон, кӕцы райстой 2007 азы декабры. Коцты Маринайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, закон бандӕвта адӕймаджы царды алы фадыгыл дӕр.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0