Хуссар Иры минӕвар хайад райста конференцийы "Хъырым ныры геополиикӕйы"

© Sputnik / Наталья Селиверстова /  Ахизын медиабанкмæУӕрӕсейы ФХМ
Уӕрӕсейы ФХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕхсӕнадӕмон конференци, кӕцы уыд нывонд Хъырымаг уалдзӕгыл фондз азы сӕххӕстӕн, ацыд Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Мӕскуыйы

ЦХИНВАЛ, 21 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр республикӕйы президенты номӕй ралӕууыд ӕхсӕнадӕмон конференцийы "Хъырым ныры геополиикӕйы", хъусын кӕны минӕварады пресс-службӕ.

 Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ Уӕрӕсейы цӕгаттаг столицӕйы губернаторы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Александр Беглов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Петербурджы хицауад баххуыс кӕндзӕн ӕрбаздахын инвесторты Хуссар Ирмӕ

Конференцийы, кӕцы ацыд Уӕрӕсейы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ), хайад райстой Паддзахадон думӕйы депутаттӕ ӕмӕ Федерацийы Советы уӕнгтӕ, Республикӕ Хъырымы Паддзахадон Совет ӕмӕ Министрты советы минӕвӕрттӕ, афтӕ ма дипломатон мисситы сӕргълӕуджытӕ.

Гасситы Знауыр раарфӕ кодта Бибылты Анатолийы номӕй конференцийы хайадисджытӕн Хъырым ӕмӕ Севастополы баиу кӕныныл Уӕрӕсеимӕ фондз азы сӕххӕсты цытӕн.

Минӕвар банысан кодта, Хуссар Ирыстон кӕй фидар кӕндзӕн бастдзинӕдтӕ Хъырымимӕ, кӕцытӕн ис райрӕзты позитивон динамикӕ.

Хъырымы минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы президенты цур Георгий Мурадов Хъырымы сӕргълӕууӕг Сергей Аксеновы номӕй радта Гасситы Знауырӕн ӕрхуынд республикӕйы президентӕн юбилейон V Ӕхсӕнадӕмон экономикон форум Ялтайы, кӕцы ацӕудзӕн 17-20 апрелы.

Ног хабӕртты лентӕ
0