Хуссар Иры минӕвар хайад райста Уӕрӕсейы ФХМ Дипломатон клубы рабадты

Рафыссын
Клубы рабадт нывонд уыд ССРЦ ӕмӕ Цӕгат Корейы ӕхсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ культурон бадзырды бафыстыл 70 азы сӕххӕстӕн

ЦХИНВАЛ, 22 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Гасситы Знауыр хайад райста уӕрӕсейаг ӕддагполитикон уагдоны Дипломатон клубы рабадты, хъусын кӕны минӕварады пресс-службӕ. Мадзал ацыд цыппӕрӕмы Дипломатон академийы актон залы.

Уӕрӕсейы ФХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры минӕвар хайад райста конференцийы "Хъырым ныры геополиикӕйы"

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Дипломатон академийы ректоры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг ӕмӕ Цӕгат Корейы минӕварады ӕрхуындмӕ гӕсгӕ хайад райста Дипломатон клубы рабадты, кӕцы нывонд уыд ССРЦ ӕмӕ Цӕгат Корейы ӕхсӕн ӕмгуыстад ӕмӕ культурон бадзырды бафыстыл 70 азы сӕххӕстӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма мадзалы хайад райстой дипломатон мисситы минӕвӕрттӕ, Дипломатон клубы уӕнгтӕ ӕмӕ академийы ахуыргӕнджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0