Хуссар Иры президент снысан кодта парламентмӕ ӕвзӕрстыты датӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны парламент
Хуссар Ирыстоны парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ног ӕрсидты парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ фыццаг хатт 2009 азӕй фӕстӕмӕ ацӕудзысты мажоритарон-пропорционалон системӕмӕ гӕсгӕ

ЦХИНВАЛ, 25 мар - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕвдӕм ӕрсидты парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 2019 азы 9 июны, дзырдӕуы республикӕйы президент Бибылты Анатолийы барамынды.

РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны депутатты æвзардзысты ног законмæ гæсгæ

"Снысан кӕнын Республикӕ Хуссар Ирыстоны Парламенты депутатты ӕвзӕрстыты датӕ 2019 азы 9 июнмӕ", - дзырдӕуы президенты барамынды.

Радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты ног системӕмӕ гӕсгӕ: 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг  та - иумандатон зылдтæм.

2009 азӕй фӕстӕмӕ республикӕйы парламентмӕ ӕвзӕрстытӕ цыдысты ӕрмӕст пропорционалон системӕмӕ гӕсгӕ. Мажоритарон-пропорционалон ситемӕмӕ рахизыны фӕдыл закон парламент райста 2018 азы марты.

Ног хабӕртты лентӕ
0