Хуссар Иры бакодтой ног экстремалон бырӕн трассӕ

© Sputnik / Марат БагаевХуссар Иры бакодтой ног экстремалон бырӕн трассӕ
Хуссар Иры бакодтой ног экстремалон бырӕн трассӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуыдаргомы Цъоны къахдзоныгътыл бырӕн трассӕйы дӕргъӕн у 3,800 ӕмӕ нымад цӕуы Цӕгат Кавказы экстремалон трассӕтӕй хуыздӕр

ЦХИНВАЛ, 26 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Иры Цъоны хӕххон курорты сфӕлвӕрдтой экстремалон бырӕн трассӕ. Ног бырӕны уырдыгы райдайӕн цӕуы хох "Дӕндӕгты" рагъӕй ӕмӕ йӕ дӕргъ у 3,800 метры, фехъусын кодта Sputnik бӕрзӕнд сӕттӕг Багаты Марат.

Цъоны дӕлвӕз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъоны дӕлвӕз: мит, фыццаг бырӕн трассӕ ӕмӕ президенты ныфс

Активист сцыд сарӕзта хуыцабоны. Экстремалон трассӕйы райдайӕн ӕвӕрд у денджызы ӕмвӕзадӕй 2,600 метры бӕрзонддӕр.

"Сцыд райдыдтон райсом дӕс сахатыл. Дӕндӕгты хохрӕбынмӕ мӕ скодтой Карсанты Гурам ӕмӕ Тыбылты Георгий ратракыл ӕмӕ уырдыгӕй райдыдтон къахӕй сцыд. Хъызт ӕмӕ миты хъӕпӕнтӕ фӕкъуыхцы кодтой мӕ балц, фӕлӕ цалдӕр сахатмӕ схызтӕн "Дӕндӕгты" рагъмӕ", - радзырдта Багаты Марат.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ сӕйраг нысан уыд сфӕлварын ацы трассӕ.

"Сноубордыл рабырыдтӕн хохы цъуппӕй, хъызты мӕ развӕндаг нӕ уыдтон ӕмӕ мӕ фӕндагӕй чысыл фӕиппӕрд дӕн, фӕлӕ мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ацы трассӕ у Цӕгат Кавказы экстремалон трассӕтӕй хуыздӕр", - бафтыдта уый.

Хохмӕ сцыд арӕзт ӕрцыд Спорты комитеты ӕмархайдӕй.

Хох "Дӕндӕгты" рагъӕй трассӕйы дӕргъ у 3,800 метры, уыдонӕй 3 мин метры трассӕйыл улӕфджытӕ ныр дӕр бырынц, аннӕ 800 метр сты зынвадат, уыдон басӕттынӕн хъӕуы сӕрмагонд ифтонггӕрзтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0