Парламентон комитеты сӕрдар рахызт парти "Иугонд Ирыстон"-ӕй

© Sputnik / Наталья АйриянКоцты Жанна
Коцты Жанна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Коцты Жанна рахызт къухдариуӕггӕнӕг партийы скондӕй, фӕлӕ баззад "Иугонд Ирыстон"-ы парламентон фракцийы

ЦХИНВАЛ, 28 мар - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты фӕдыл комитеты сӕрдар Коцты Жанна рахызт парти "Иугонд Ирыстон"-ӕй.

Хуссар Иры дыууӕ хатты фӕфылдӕр кодтой хъалонтӕ фӕллойадон мигранттӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры дыууӕ хатты фӕфылдӕр кодтой хъалонтӕ фӕллойадон мигранттӕн

Коцты Жанна фехъусын кодта йӕ скъуыддзагы тыххӕй парламентон сессийы рӕстӕджы, кӕцы ацыд Цхинвалы цыппӕрӕмы .

Коцты Жанна нӕ загъта партийӕ рахизыны аххосаг ӕмӕ банысан кодта, кӕй баззайдзӕн "Иугонд Ирыстон"-ы парламентон фракцийы.

Фракци "Иугонд Ирыстон"-ӕн ис 20 бынат 34-ӕй Хуссар Ирыстоны парламенты. Коцты Жанна у хъалонтӕ ӕмӕ фиддонты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар 2014 азы июлӕй фӕстӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0