Хуссар Иры снысан кодтой парламентмӕ ӕвзӕрстыты зылдты схемӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры снысан кодтой парламентмӕ ӕвзӕрстыты зылдты схемӕ
Хуссар Иры снысан кодтой парламентмӕ ӕвзӕрстыты зылдты схемӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикӕйы парламентон ӕвзӕрстытӕм сараздзысты 17 зылды

ЦХИНВАЛ, 29 мар – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент майрӕмбоны сессийы рӕстӕджы райста ӕвзарӕн зылдты фӕдыл закон. Депутаттӕм ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты закон райсыныл. Закон бахиздзӕн йӕ тыхы, официалон ДИФ-ты йӕ куы ныммыхуыр кӕной, уӕд.

ЦӔК - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ЦӔК-ы скондмӕ бахастой ивындзинӕдтӕ

Централон ӕвзарӕн къамисы сӕргълӕууӕг Плиты Белла цыппӕрӕмы фехъусын кодта, зӕгъгӕ, парламент куы сбӕрӕг кӕна схемӕ, уӕд ӕй ныммыхуыр кӕндзысты паддзахадон рауагъдты ӕмӕ уый фӕстӕ депутаттӕм кандидаттӕн уыдзӕн фадат бадзурын ЦӔК-мӕ сӕ кандидатурӕ раразмӕ кӕныны фӕдыл.

Иумӕйагӕй республикӕйы парламентон ӕвзӕрстытӕм сараздзысты 17 зылды, алкӕцыйы дӕр дзы байгом уыдзӕн цалдӕр ӕвзарӕн фадыг. Фараст ӕвзарӕн зылды уыдзысты Цхинвалы, фӕйнӕ дыууӕ та республикӕйы районты.

Радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны ног системӕмӕ гӕсгӕ: 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг  та - иумандатон зылдтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0