Дзауы районы хъӕутӕй иу ифтонг ʻрцыд донӕй

© Sputnik / Пресс-служба Дзауского района Дзауы районы хъӕутӕй иу ифтонг ʻрцыд донӕй
 Дзауы районы хъӕутӕй иу ифтонг ʻрцыд донӕй  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цалдӕр азы дӕргъы Танделаты хъӕуы цӕрджытӕ тыхстысты ӕнӕ донӕй

ЦХИНВАЛ, 2 апр— Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дзауы районы хъӕутӕй иу ифтонг ӕрцыд донӕй. Районы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ иууылдӕр раивтой зӕронд доны хӕтӕлтӕ Танделаты хъӕумӕ, фехъусын кодтой Sputnik районы пресс-службӕйы.

Донифтонгады проблемӕ алыг кӕныны тыххӕй хъӕуы цӕрджытӕ бахатыдысты районы ног хистӕрмӕ.

"Ацы доны хахх уый бӕрц ӕфхӕрд уыд ӕмӕ цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады кусджыты хъуыд уый ӕдзух цалцӕг кӕнын. Аскъуыддзаг кодтам хахх иууылдӕр раивын. Ныр сӕм дон цӕуы ӕнӕрлӕугӕйӕ", - хъусын кӕны районы разамонӕг Джиоты Андрейы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Ног хӕтӕлыл Тандӕлаты хъӕу ифтонг цӕуы донӕй Угӕрдӕнты хъӕуӕй.

© Sputnik / Пресс-служба Дзауского района Дзауы районы хъӕутӕй иу ифтонг ʻрцыд донӕй
Дзауы районы хъӕутӕй иу ифтонг ʻрцыд донӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы хъӕутӕй иу ифтонг ʻрцыд донӕй
Ног хабӕртты лентӕ
0