Парти "Ног Ирыстон" сликвидаци кодтой

© Sputnik / Михаил МокрушинСанахъоты Давид
Санахъоты Давид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Раздӕры партийы уӕнгты фылдӕр хай бахиздзысты "Ныхас"-мӕ, цӕвиттон сын радта "Ног Ирыстон"-ы лидер Санахъоты Давид

ЦХИНВАЛ, 5 апр - Sputnik, Козаты Диана. "Ног Ирыстон"-ы уанелы йӕ лидер Санахъоты Давид фехъусын кодта политикон партийы ликвидацийы тыххӕй.

Парти сорганизаци кодтой 2012 азы. Дыууӕ азы фӕстӕ уый раразмӕ кодта йӕ кандидатты парламентон ӕвзӕрстытӕм, фӕлӕ нӕ ахызт процентон барьер депутатон мандаттӕ райсынӕн.

"Мах фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ кусӕм законмӕ гӕсгӕ, ӕрвылаз хыгъдлӕвӕрд радтӕм Юстицийы министрадмӕ", - загъта Санахъоты Давид.

Санахъоты Давиды ныхӕстӕм гӕсгӕ, партийӕн фӕзындзӕн проблемӕтӕ парламентон ӕвзӕрстыты размӕ, кӕцытӕ уый иунӕгӕй нӕ аскъуыддзаг кӕндзӕн.

Парти Иугонд Ирыстон  - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Иугонд Ирыстон" партийӕ депутаттӕм кандидатты номхыгъды сӕргъ слӕууыд Тадтаты Алан

"Мах хъуыды кодтам цалдӕр вариантыл, ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам баиу кӕнын нӕ тыхтӕ парти "Ныхас"-имӕ. Уый у парламентон парти, ӕмӕ йӕ зындӕр уыдзӕн ма бауадзын ӕвзӕрстытӕм", - банысан кодта "Ног Ирыстон"-ы лидер.

Санахъоты Давид банхъардта партийы уӕнгтӕм, цӕмӕй адарддӕр кӕной сӕ куыст ног партийы сконды.

Уанелы хайадисджытӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы парти сликвидаци кӕныныл.

"Нӕ тыхтӕ куы баиу кӕнӕм, уӕд нын фылдӕр фадаттӕ уыдзӕн", - банысан кодта Санахъоты Давид.

"Ныхас"-ы лидер Ӕлборты Алан бахахх кодта, партийы ликвидаци кӕй у къахдзӕф размӕ. Уый банысан кодта "Ныхас"-ы уанелы рӕстӕджы кӕй бадзурдзысты Санахъоты Давидмӕ, цӕмӕй слӕууа партийы сӕргъ.

Ӕввахс рӕстӕджы ацӕудзӕн парти "Ныхас"-ы уанел, кӕцыйы скондмӕ бахиздзысты "Ног Ирыстон"-ы уӕнгты фылдӕр.

Хуссар Ирыстоны парламентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 9 июны. "Ног Ирыстон"-ы ликвидацийы фӕстӕ ӕвзӕрстыты хайад райсдзысты аст политикон партийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0