Хуссар Иры ФХМ снысан кодта ӕххӕстбарджын минӕвары Турчы

© Из личного архива Ремзи КанукатиХуссар Иры ФХМ снысан кодта ӕххӕстбарджын минӕвары Турчы
Хуссар Иры ФХМ снысан кодта ӕххӕстбарджын минӕвары Турчы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕддагполитикон уагдоны ӕххӕстбарджын минӕвар хъахъхъӕндзӕн Хуссар Ирыстоны кад ӕмӕ скъуыддзаг кӕндзӕн республикӕйы ӕмбӕстӕгты консулон фарстытӕ

ЦХИНВАЛ, 8 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады (ФХМ) ӕххӕстбарджын минӕварӕй Турчы снысан кодтой Турк ӕмӕ РХИ ӕмбӕстаг Хъаныхъуаты Ремзийы, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Туркаг ирон Лейла Килич (Ӕлбегаты) - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон къæбицы хæрæндон Ficcin бацыд хуыздæрты номхыгъдмæ Турчы

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Медойты Дмитрий йӕ балцы рӕстӕджы Стамбулмӕ радта Хъаныхъуаты Ремзийӕн РХИ ФХМ ӕххӕстбарджын минӕвары бӕлвырдгӕнӕн документ ӕмӕ РХИ дипломатон паспорт", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Республикӕйы ФХМ фехъусын кодта йӕ уынаффӕйы тыххӕй хӕларадон паддзахадты Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрадтӕм ӕмӕ Турчы ирон диаспорӕ "Алан"-ы советмӕ.

Республикӕйы ФХМ ӕххӕстбарджын минӕвар хъахъхъӕндзӕн Хуссар Ирыстоны кад ӕмӕ скъуыддзаг кӕндзӕн республикӕйы ӕмбӕстӕгты консулон фарстытӕ. Афтӕ ма ӕххӕстбарджын минӕвар ӕххӕст кӕндзӕн кусӕгон ахастытӕ бынӕттон хицауадимӕ ӕмӕ сфидар кӕндзӕн бастдзинад ӕндӕр паддзахадты минӕварадтимӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0