Бибылты Анатолий фехъусын кодта Цхинвалы хӕсты рӕстӕджы хъыгдард фатерты цалцӕджы ӕмгъуыд

© Пресс-служба президента РЮОПаддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд Дзауы районы ӕхсӕнады минӕвӕрттимӕ
Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд Дзауы районы ӕхсӕнады минӕвӕрттимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд Дзауы районы ӕхсӕнады минӕвӕрттимӕ, радзырдта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн бӕстӕйы къухдариуӕгады куысты тыххӕй ивгъуыд дыууӕ азы ӕмӕ фидӕны нывӕзтыты тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 11 апр – Sputnik. Цхинвалы фатертӕ иууылдӕр, кӕцытӕ бахъыгдард сты 2008 азы хӕсты рӕстӕджы, сцалцӕг кӕндзысты 2019 азы, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий.

"Бюджетон фӕрӕзтӕй мах рахицӕн кодтам 35 милуан сомы хӕсты рӕстӕджы хъыгдард фатертӕ сцалцӕг кӕнынӕн. Цалцӕг кӕндзыстӕм сӕрмагонд хӕдзӕрттӕ дӕр, кӕцытӕ ныппырх сты 2008 азы хӕсты рӕстӕджы. 200 фатеры ӕмӕ хӕдзары ныридӕгӕн сцалцӕг кодтам дыууӕ азмӕ, 130 хӕдзары мах сараздзыстӕм ӕмӕ сцалцӕг кӕндзыстӕм ацы аз", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

© Пресс-служба президента РЮОПаддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд Дзауы районы ӕхсӕнады минӕвӕрттимӕ
Бибылты Анатолий фехъусын кодта Цхинвалы хӕсты рӕстӕджы хъыгдард фатерты цалцӕджы ӕмгъуыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд Дзауы районы ӕхсӕнады минӕвӕрттимӕ

Афтӕ ма Бибылты Анатолий радзырдта 2018 ӕмӕ 2019 ӕзты нывӕзтытӕ сӕххӕст кӕныныл Дзауы поселочы.

"Хӕслӕвӕрдты фылдӕр хай среализаци кодтам, фӕлӕ ацы здӕхты куыст адарддӕр уыдзӕн. Хъӕуы нырма саразын сыгъдӕг кӕнӕн бӕстыхай, афтӕ ма ис районы фӕндӕгтӕ ӕмӕ уынгты хӕрзарӕзтады проблемӕ. Дыууӕ уынджы сцалцӕг кодтой 2018 азы, ацы аз нывӕндӕм саразын ноджы ӕртӕ уынджы", - загъта президент.

© Пресс-служба президента РЮОПаддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд Дзауы районы ӕхсӕнады минӕвӕрттимӕ
Бибылты Анатолий фехъусын кодта Цхинвалы хӕсты рӕстӕджы хъыгдард фатерты цалцӕджы ӕмгъуыд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Паддзахады сӕргълӕууӕг фембӕлд Дзауы районы ӕхсӕнады минӕвӕрттимӕ

Бибылты Анатолий банысан кодта, бюджетон фӕрӕзтӕй кӕй рахицӕн кодтой 30 милуан сомы Дзауы районы спортивон комплексы арӕзтадӕн, сӕххӕст кодтой финансон ӕххуыс респбуликӕйы 50 ӕмбӕстагӕн.

Хуссар Ирыстоны инвестицион программӕйы фӕлгӕтты та рахицӕн кодтой 110 милуан сомы хид сцалцӕг кӕнынӕн, афтӕ ма ацы аз райдайдзӕн ӕртӕ 18-фатерон хӕдзары арӕзтад.

2020 азы фӕуыдзӕн Къуайсамӕ фӕндаджы арӕзтад, уый фӕстӕ райдайдзысты аразын Дзауы поселочы Сталины уынг.

Ног хабӕртты лентӕ
0