ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг пауэрлифтер Хъуылымбегты Азӕмӕт рамбылдта Европӕйы гом чемпионат "OPEN EUROPE CUP WPA/AWPC"-мӕ. Нӕ спортсмен систа 180 кг дисциплина «жим лежа»-йы.
Лӕппу фӕнд кодта йӕ тыхтӕ бафӕлварын 90 кг уӕзы категорийы, фӕлӕ сбарыны рӕстӕджы разынд 91 кг, ӕмӕ йӕ бахъуыд тох кӕнын йӕхицӕй зынгӕ уӕззаудӕр спортменты хсӕн – 100 кг уӕзы. Уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ лӕппу райста фыццаг бынат.
Амӕйразмӕ Хъуылымбегты Азӕмӕт рамбылдта Цӕгат Кавказы ерыстӕ пауэрлифтингӕй, цы ран райста спорты мастермӕ кандидаты ном. Уый фӕстӕ ныууагъта спорт – бацыд ахуырмӕ ХИПУ-мӕ, куыста радиойы амонӕгӕй. 2019 азы та лӕппу сног кодта йӕ тренировкатӕ.
Спортсмены Цхинвалы цӕттӕ кӕны Ӕлборты Леуан. Ерыстӕ цыдысты Ростов-на-Донуйы.