Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады цытджын хъарагъулы ротӕ сӕххӕст кодта марш-бросок

© Пресс-служба Минобороны РЮОХуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады цытджын хъарагъулы ротӕ сӕххӕст кодтой марш-бросок
Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады цытджын хъарагъулы ротӕ сӕххӕст кодтой марш-бросок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕфсӕддонтӕ сӕххӕст кодтой тренировкӕ автоматтимӕ, цӕмӕй фӕхуыздӕр кӕной сӕ физикон цӕттӕкӕнынад

ЦХИНВАЛ, 15 апр - Sputnik. Хуссар Иры хъахъхъӕнынады министрады цытджын хъарагъулы ротӕ сӕххӕст кодта марш-бросок, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад уадзы ӕвзарӕн нормативтӕ сӕрмагонд нысаниуӕджы хайадмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры Хъахъхъӕнынады министрад уадзы ӕвзарӕн нормативтӕ сӕрмагонд нысаниуӕджы хайадмӕ

"Ӕфсӕддонтӕ ӕххӕст кӕнынц алыгъуызон дистанцитӕм марш-бросоктӕ къуыри иу хатт. Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц ӕфсӕддон формӕйы автоматтимӕ. Марш-бросок ӕххӕст цӕуы, цӕмӕй фӕхуыздар уа ӕфсӕддонты физикон цӕттӕкӕнынад", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Афтӕ ма цытджын хъарагъулы ротӕйы ӕфсӕддонтӕ хуыздӕр кӕнынц сӕ физикон цӕттӕкӕнынад ӕмӕ ӕхсыны бӕрӕггӕнӕнтӕ. Физикон цӕттӕкӕнынады тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц сӕрмагонд тренировкӕ кӕнӕн залы хъахъхъӕнынады министрады ӕфсӕддон горӕты ӕмӕ столицӕйы стадионты.

Ног хабӕртты лентӕ
0