Хицауады сӕрдары хӕдивӕг: равдыстам Хуссар Иры инвестицион фадӕттӕ Петербурджы

© Пресс-служба посольства РЮО в РФХуссар Ирыстоны делегаци Санкт-Петербурджы
Хуссар Ирыстоны делегаци Санкт-Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны делегацийӕн бантыст срӕвдз кӕнын ног кусӕгон бастдзинӕдтӕ Санкт-Петербурджы хицауад ӕмӕ амалиуӕггӕнджытимӕ

ЦХИНВАЛ, 16 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдары хӕдивӕг ӕмӕ экономикон райрӕзты министр Бекъойты Геннадий радзырдта республикӕйы инвестицион политикӕ ӕмӕ амалиуӕгадты райрӕзты фарстытыл Санкт-Петербурджы уагъд цӕуӕг семинары фӕстиуджыты тыххӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Хуссар Ир ӕмӕ Петербурджы базарадон-сӕудӕджерадон палатӕтӕ ӕмгуыстад кӕндзысты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Петербурджы базарадон-сӕудӕджерадон палатӕтӕ ӕмгуыстад кӕндзысты

Бекъойты Геннадий радзырдта, Семинары хайадисджыты тынг кӕй цымыдис кодта Хуссар Ирыстоны продукци. Хицауады сӕрдары хӕдивӕг бафтыдта, зӕгъгӕ, фидӕны уыдзӕн гӕнӕн ласын республикӕйы продукци Санкт-Петербургмӕ.

"Мах радзырдтам семинары хайадисджытӕн республикӕйы райрӕзты алыгъуызӕн здӕхтты тыххӕй, равдыстам сын презентацион видео, афтӕ ма сӕудӕджерадон продукцийы хуызӕгтӕ, се хсӕн заводтӕ "Растдон", "Сӕндуцӕн Иронсӕн", "Бӕгъиаты завод" ӕмӕ "Натурплант"-ы продукци", - радзырдта Бекъойты Геннадий.

Вице-премьер банысан кодта, мадзалы фӕлгӕтты кӕй бафыстой ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд Хуссар Ирыстон ӕмӕ Санкт Петербурджы базарадон-сӕудӕджерадон палатӕты ӕхсӕн. Фӕззӕджы та бафысдзысты Санкт Петербург ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хицауадты ӕхсӕн культурон, зонадон-техникон ӕмӕ ӕндӕр фадгуыты ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд.

Хицауады сӕрдары хӕдивӕг загъта стыр бузныг РХИ минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Гасситы Знауырӕн ӕмӕ Санкт-Петербурджы хицауадӕн мадзал сорганизаци кӕныны тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0