Скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ радтой бузныджы фыстӕг Хуссар Иры парламенты спикерӕн

© Sputnik / Елена КулумбеговаСкъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ радтой бузныджы фыстӕг Хуссар Иры парлмаенты спикерӕн
Скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ радтой бузныджы фыстӕг Хуссар Иры парлмаенты спикерӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъолайы директор банысан кодта, Гасситы Петр алыхатт дӕр ӕххуыс кӕны сывӕллӕттӕн ӕмӕ сын скъуыддзаг кӕны сӕ проблемӕтӕ

ЦХИНВАЛ, 17 апр - Sputnik. Цхинвалы скъола-интернаты директор Тедеты Роланд радта "Бузныджы фыстӕг" скъолайы коллектив ӕмӕ хъомылгӕнинӕгты номӕй Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петрӕн.

Цхинвалы скъола-интернаты директоры схорзӕхджын кодтой парламенты Кады грамотӕйӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы скъола-интернаты директоры схорзӕхджын кодтой парламенты Кады грамотӕйӕ

Директор банысан кодта, спикер ӕххуыс кӕны скъолайӕн, ӕмӕ йын уый тыххӕй загътой бузныг къухдариуӕгад ӕмӕ хъомылгӕнинӕгты номӕй.

"Ды алыхатт дӕр хайад исыс нӕ мадзӕлтты, феныс нын нӕ проблемӕтӕ ӕмӕ сӕ оперативон скъуыддзаг кӕныс. Ӕмӕ дын уый тыххӕй стӕм бузныг", - загъта Тедеты Роланд.

Гасситы Петр бахахх кодта, зӕгъгӕ, ацы фыстӕг уымӕн у тынг ахсджиаг.

"Мӕнӕн ис бирӕ алыгъуызон паддзахадон ӕмӕ уагдонон хорзӕхтӕ. Фӕлӕ ацы фыстӕгӕн ис йӕхи сӕрмагонд бынат, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ райстон уӕззау хъысмӕтимӕ сывӕллӕттӕй. Тынг ӕхсызгон мын у. Ӕз алыхатт дӕр ӕххуыс кӕндзӕн интернаты хъомылгӕнинӕгтӕн мӕ бон куыд у, афтӕ", - бахахх кодта парламенты спикер.

Афтӕ ма спикер балӕвар кодта скъолайӕн ноутбук.

Ног хабӕртты лентӕ
0