Хуссар Ирмӕ фӕуазӕг сты Ӕхсӕнхицауадон къамисы уӕнгтӕ

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирмӕ фӕуазӕг сты Ӕхсӕнхицауадон къамисы уӕнгтӕ
Хуссар Ирмӕ фӕуазӕг сты Ӕхсӕнхицауадон къамисы уӕнгтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Делегацийы уӕнгтӕ сардтой гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

ЦХИНВАЛ, 19 апр — Sputnik. Хуссар Ирмӕ фӕуазӕг сты социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Ӕхсӕнхицауадон къамисы архайджытӕ. Делегацийы уӕнгтӕ сардтой гуырдзиаг агрессийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ — уыдон сӕвӕрдтой динджытӕ Цхинвалы фӕндзӕм скъолайы кӕрты мемориалмӕ, хъусын кӕны президенты пресс-службӕ.

Цхинвал майрӕмбоны ӕрфысым кӕндзӕн Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕхсӕн социалон-экономикон ӕмгуыстады фӕдыл Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадт.

Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры столицӕйы ӕрӕхгӕндзысты транспорты змӕлд

"Фӕндзӕм скъолайы кӕрты мемориалон цыртыл дидинтӕ сӕвӕрдтой президент Бибылты Анатолий ӕмӕ Уӕрӕсейы хицауады вице-премьер Виталий Мутко. Дидинтӕ сӕвӕрыны церемонийы ма хайад райстой РХИ хицауады сӕрдар Пухаты Эрик, Цӕгат Кавказы хъуыддӕгты фӕдыл министр Сергей Чеботарев, арӕнгӕрон ӕмгуыстады фӕдыл УФ президенты управленийы сӕргълӕууӕг Алексей Филатов, УФ минӕвар Хуссар Ирыстоны Марат Кулахметов ӕмӕ ӕндӕртӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы

Делегаци Уӕрӕсейы хицауады сӕрдары хӕдивӕг Виталий Муткойы сӕргълӕудӕй ӕрцыд Цхинвалмӕ майрӕмбоны. Хуссар Ирыстоны столицӕйы абон ацӕудзӕн ХХ-ӕм Ӕхсӕнхицауадон къамисы рабадт. Уынаффӕ цӕудзӕн 2020-2022 ӕзты Инвестицион нывӕзтыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0