Сомихӕгты геноцид: Цхинвалы равдисдзысты аивадон киноныв "Шрам"

© PANDORA FILM VerleihКиноныв "Шрам"
Киноныв Шрам - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сомихӕгты геноцидыл абон ӕххӕст кӕны 104 азы

ЦХИНВАЛ, 24 апр — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Сомихӕгты геноцидыл 104 азы сӕххӕсты цытӕн Цхинвалы равдисдзысты Сомихстоны историйы тугамӕст рӕстӕгыл таурӕгъгӕнӕг аивадон киноныв "Шрам", фехъусын кодта Sputnik сӕ ӕхсӕнады уӕнг Вадим Шадян.

Республикӕйы статистикӕйы хайады 2015 аз сфысты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ Хуссар Иры цӕры 378 сомихаджы. Цхинвалы уӕвынад кӕны сомихӕгты ӕхсӕнадон организаци "БЕРД" (фидар).

"Фильмы равдыст ӕрӕмных кодтам сомихӕгты геноцидыл 104 азы сӕххӕстмӕ, равдыст саразын нын банхъардта дзӕуджыхъӕуккаг диаспорӕ. Хонӕм нӕ ӕхсӕнады уӕнгты ӕмӕ сомихӕгтӕ ӕмӕ аланты рагон хӕларадон ахастытӕм чи цымыдис кӕны, уыдоны", - загъта Вадим Шадян.

Уый ма банысан кодта, ныфс сӕ ис фильмы равдыст кӕй фӕахъаз уыдзӕн сомихӕгты геноцид банымайынӕн.

Арцахы ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Хуссар Иры сомихаг диаспорӕимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Арцахы ФХМ сӕргълӕууӕг фембӕлд Хуссар Иры сомихаг диаспорӕимӕ

"Мах фӕнды фенын кӕнын уый ӕцӕгдӕр кӕй уыд генодид ӕмӕ ӕмархайд кӕнын, цӕмӕй йӕ фылдӕр бӕстӕтӕ банымайой. 21 бӕстӕ йӕ банымадта, цадӕккай сӕ нымӕц кӕндзӕн фылдӕр", - бафтыдта мадзалы организатор.

Фильм "Шрам" систа туркӕй рацӕугӕ немцаг режиссер Фатих Акин. Киноныв таурӕгъ кӕны сомихӕгты геноциды рӕстӕджы 1915 азы сӕйраг хъайтар — Назарет Манукян сафы йӕ биноты. Цалдӕр азы фӕстӕ уымӕ фехъуыст йӕ чызджытӕ гас кӕй сты ӕмӕ афӕндараст ис сӕ агурӕг. Киноныв ʻрацыд 2014 азы.

Равдыст ацӕудзӕн ПККЗ "Чермен"-ы, ӕртыццӕджы, 17:00 сахатыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0