Стыр хайбавӕрды тыххӕй: Хуссар Иры президент радта хорзӕхтӕ дипломаттӕн Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазӕй

© Sputnik / Диана Уалион Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазы минӕвӕртты

Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазы минӕвӕртты
 - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг загъта бузныг минӕвартӕн стыр хайбавӕрды тыххӕй адӕмты хсӕн хӕларад ӕмӕ ӕмгуыстад сфидар кӕныны хъуыддагмӕ

ЦХИНВАЛ, 13 мая — Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий радта Хӕларады Орден уӕрӕсейаг минӕвар Австралийы Алексей Павловскийӕн ӕмӕ Абхазы минӕвар Уӕрӕсейы Игорь Ахбайӕн.

2008 азы гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы Алексей Павловский уыд уӕрӕсейаг ӕддагполитикон уагдоны ХПӔ бӕстӕты департаменты директоры хӕдивӕг, 2009 азы ссис уыцы департаменты директор.

Бибылты Анатолий загъта бузныг Алексей Павловскийӕн ӕххуысы тыххӕй, кӕцы уый сӕххӕст кодта Хуссар Ирыстонӕн.

"Ирыстонӕн зын рӕстӕджы Алексей Павловский бирӕ сарӕзта нӕ республикӕйӕн, стыр хайбавӕрд бахаста ирон дипломатийы райрӕзтмӕ", - загъта Бибылты Анатолий.

© Sputnik / Диана УалионХуссар Иры президент схорзӕхджын кодта Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазы минӕвӕртты
Стыр хайбавӕрды тыххӕй: Хуссар Иры президент радта хорзӕхтӕ дипломаттӕн Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент схорзӕхджын кодта Уӕрӕсе ӕмӕ Абхазы минӕвӕртты

Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта кодта Алексей Павловскийӕн Уӕрӕсейы минӕварӕй йӕ кӕй снысан кодтой Австралийы, уый тыххӕй.

Афтӕ ма Бибылты Анатолий банысан кодта Абхазы минӕвар Уӕрӕсейы Федерацийы Игорь Ахбайы хайбавӕрд дыууӕ республикӕйы хсӕн ахастыты райрӕзтмӕ.

"Абхазимӕ нын алыхатт дӕр уыд фидар бастдзинӕдтӕ. Мах ацыдыстӕм ӕмхуызӕн фӕндаг ӕмӕ ӕххуыс кодтам кӕрӕдзийӕн. Ацы ӕмархайдмӕ стыр хайбавӕрд бахаста Абхазы минӕвар Уӕрӕсейы", - бахахх кодта президент.

Минӕвӕрттӕ загътой бузныг президентӕн стыр хорзӕх ӕмӕ хъусдарды тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0