Ирон æвзаджы бон Хуссар Иры: конференци, тымбыл фынг æмæ цырты баконд

© SputnikИрон æвзаджы бон Хуссар Иры
Ирон æвзаджы бон Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон æвзаджы бон Хуссар Иры банысан кæндзысты ныр 16 хатт

ЦХИНВАЛ, 14 май— Sputnik, Плиты Фатимæ. Ирон æвзаджы бæрæгбон Хуссар Иры банысан кæндзысты бирæнымæц мадзæлттæй – се ʻхсæн зонадон конференци, тымбыл фынг æмæ Джусойты Нафийы цырты баконд, фехъусын кодтой Sputnik культурæйы министрады пресс-службæйы.

День рождения Коста Хетагурова отметили в Северной Осетии - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къостайы "Ирон фæндыр" фыццаг хатт рацыд французаг æвзагыл

Ирон æвзаджы бон Ирыстоны хуссары æмæ цæгаты дæр нысан цæуы 15 майы 2003 азæй фæстæмæ. Датæ æвзæрст æрцыд Хетæгкаты Къостайы "Ирон фæндыр"-ы мыхуыры бонæй, кæцы фыццаг хатт рухс федта 120 азы размæ.

"Ирон æвзаджы бонæн нывонд мадзæлтты фæлгæтты 15 майы Хуссар Иры бакæндзысты зындгонд ахуыргонд, профессор Джусойты Нафийы цырт Тулдзы къохы Пантеоны. Дыккаг бон мадæлон æвзаджы бæрæгбоны цытæн мадзал уыдзæн Ӕрыгæтты библиотекæйы – ам ацæудзæн Хетæгкаты Къостайы очерк "Особа"-йы фæдыл тымбыл фынг", - загътой пресс-службæйы.

Бæрæгбонмæ Зонад-Иртасæн институт æрæмных кодта рухстауæг Хъоцыты Бидзинайы райгуырдыл 140 азы сæххæсты цытæн зонадон конференци.

"Хъоцыты Бидзинайы рагуырдыл æххæст кæны 140 азы æмæ уый номыл конференци æрæмных кодтам ирон æвзаджы бæрæгбонмæ, рухстауæгæн йе стыр лæггæдты нымæцы ис ирон дамгъуаты сарæзт" - загъта инстиуты директор Гаглойты Роберт.

Къостайы цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон æвзаг - ирон удты цæрæнбон, "Ирон фæндыр"-ирон зæрдæты цагъд

Ирон æвзаджы бæрæгбоны сæйраг мадзал ацæудзæн ирон литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къостайы цырты раз.

"15 майы æппæт скъолаты дæр ацæудзæн бæрæгбонæн нывонд мадзæлттæ. Сывæллæтты хайадистæй Къостайы скверы та ацæудзæн мадæлон æвзаджы бæрæгбон", - загътой Sputnik ахуырады министрады.

Ног хабӕртты лентӕ
0