Æмархайды фæзуат: Цхинвалы ацæудзæн I ирон-уæрæсейаг фæсивæдон форум

© Sputnik / Пресс-служба комитета по молодежной политике Фæсивæдон форум
Фæсивæдон форум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ахуырадон нывæзтæй дарддæр уазджытæм æнхъæлмæ кæсынц экскурситæ фендтаг бынæттæм, афтæ ма сын амондзысты фат æмæ æрдынæй æхсын, уæлибыхтæ кæнын, бæхыл бадын æмæ симын

ЦХИНВАЛ, 16 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы ацæудзæн I ирон-уæрæсейаг фæсивæдон форум. Фембæлд Ирыстоны хуссармæ æрæмбырд кæндзæн Абхаз, ДАР, ЛАР, ДМР æмæ Уæрæсейы фæсивæды, фехъусын кодта Sputnik комитеты сæрдары хæдивæг, форумы директор Гатыгкоты Валентина.

Форумы хайад райсыны фæдыл, куырдиæттæ исдзысты 3 июньмæ. Фæсивæдон фембæлдтæ та цæудзысты 1-15 июны.

"Æвзонг республикæты минæвæрттæ араздзысты ныхас æмæ æмархайды фæзуат. Мадзалы фæлгæтты ацæудзысты мастер-класстæ, дискусситæ, тренингтæ æмæ æхсæнадон нысаниуæгджын акцитæ. Йæ нысан у æхсæнадæмон æмæ хæларадон ахастытæ сфидар кæнын фæсивæды хсæн", - загъта Гатыгкоты Валентина.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æдæппæтæй форумы архайдзæн 120 минæвары.

Фæсивæдон политикæ – архайды мидӕг 34 ЧПУ: - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фæсивæдон политикæ – архайды мидӕг

"Ахуырадон нывæзтæй даддæр уазджытæм æнхъæлмæ кæсынц экскурситæ столицæйы æмæ Знауыры районы фендтаг бынæттæм. Хъæзныг культурон программæ бацæттæ кæндзысты Дменисы, цы ран сын амондзысты фат æмæ æрдынæй æхсын, уæлибыхтæ кæнын, бæхыл бадын æмæ симын", - бафтыдта уый.

Мадзалы фæлгæтты ма форумы архайджытæн равдисдзысты национ киностуди "Аллонфильм"-ы кинонывтæ.

Экспертты хуызы мадзалмæ хуынд цæуынц РХИ æмæ УФ æххæстгæнæн æмæ закондæттæг хаххы кусджытæ, æнтыстджын амалиуæггæнджытæ, æхсæнадон архайджытæ, ахуыргæндтæ.

Форумы архайдзæн фæсивæд 18-æй 35 азы онг кары.

Ног хабӕртты лентӕ
0