Хуссар Иры ӕхсӕзӕм ӕрсидты парламент фӕуд кӕны йӕ куыст

© Sputnik / Наталья АйриянПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕрӕгбонон ӕмбырдмӕ, кӕцы у нывонд VI ӕрсидты парламенты куысты фӕудӕн, ӕрцӕудзысты уазджытӕ Абхаз, ДАР, ЛАР, Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейӕ

ЦХИНВАЛ, 17 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны VI ӕрсидты парламент фӕуд кӕны йӕ куыст – депутаттӕ республикӕйы парламентаризмы историйы фыццаг хатт радзурдзысты ӕвзарджытӕн сӕ архайды тыххӕй бӕрӕгбонон ӕмбырды рӕстӕджы ПККЗ "Чермен"-ы майрӕмбоны, 17 майы. Закондӕттӕг органы пресс-службӕ фехъусын кодта, мадзалмӕ кӕй ӕрцӕудзысты уазджытӕ Абхаз, Донецкы Адӕмон Республикӕ (ДАР), Луганскы Адӕмон Республикӕ (ЛАР), Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Мӕскуыйӕ.

Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ахӕм цыдӕр никуы ма уыд: Хуссар Иры парламент публикон хыгъдлӕвӕрд ратдзӕн йӕ куыстӕн

"Мах фӕнды равдисын закондӕттӕг органы куыст. Уый хыгъдлӕвӕрд нӕу, мах фӕнды адӕмы базонгӕ кӕнын парламенты архайдимӕ. Равдисдзыстӕм киноныв, кӕцыйы уыдзӕн чысыл афӕлгӕст Хуссар Ирыстоны парламенты райрӕзтыл Хъуылымбегты Торезы рӕстӕджытӕй фӕстӕмӕ. Фӕлӕ сӕйраг хъусдард здӕхт уыдзӕн VI ӕрсидты куыстмӕ", - загъта парламенты спикер Гасситы Петр.

Уымӕй дарддӕр ма Гасситы Петр бахахх кодта, зӕгъгӕ, мадзалы хӕслӕвӕрдтӕй иу у равдисын, куыд фӕхуыздӕр ис хицауады къабазты ӕмархайд.

Бӕрӕгбонон ӕмбырд фӕуыдзӕн концертӕй, бафтыдтой пресс-службӕйы.

Хуссар Ирыстоны радон парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты 9 июны. Республикӕйы фыццаг хатт фӕстаг 15 азмӕ парламентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты мажоритарон-пропорционалон системӕмӕ гӕсгӕ. 34 депутатæн се 'мбис æвзæрст æрцæудзæн партион номхыгъдтæм гæсгæ, аннæ æрдæг  та - иумандатон зылдтæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0