Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады модернизацийыл ӕрдзурдзысты УФ делегациимӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады модернизацийыл ӕрдзурдзысты уӕрӕсейаг делегациимӕ
Хуссар Иры ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады модернизацийыл ӕрдзурдзысты уӕрӕсейаг делегациимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ауадздзысты тымбыл фынг республикӕйы ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады актуалон фарстыты фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 22 май - Sputnik. Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцӕудзӕн Уӕрӕсейаг профессионалон ахуырады медицинон академийы делегаци.

Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий басгӕрста медицинон кластеры куыст Цхинвалы

Делегациимӕ ӕрдзурдзысты ӕмгуыстады дарддӕры райрӕзтыл Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Уӕрӕсейаг медицинон академийы хсӕн, цӕмӕй фӕбӕрзонд кӕной  республикӕйы медицинон персоналы кфалификаци, хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

"Нывӕндӕм фембӕлын Республикӕ Хуссар Ирыстоны къухдариуӕгадимӕ ӕмӕ ауадзын тымбыл фынг РХИ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады модернизацийы актуалон фарстыты фӕдыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Делегацийы сконды сты Уӕрӕсейаг профессионалон ахуырады медицинон академийы президент Лариса Мошетова ӕмӕ йӕ ректор Дмитрий Сычев.

Ног хабӕртты лентӕ
0