Хуссар Иры фыццаг депутатты схорзӕхджын кодтой Хъуылымбегты Торезы майдантӕй

© Sputnik / Алексей КовалевПарламент
Парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Депутаттӕй бирӕтӕ ахицӕн сты сӕ цардӕй, майдантӕ радтой сӕ хиуӕттӕн ӕмӕ ӕввахс адӕмӕн

ЦХИНВАЛ, 23 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламенты спикер Гасситы Петр радта Хъуылымбегты Торезы майдантӕ Уӕлдӕр Советы фыццаг ӕрсидты депутаттӕн.

Амӕйразмӕ депутаттӕ рахастой уынаффӕ, цӕмӕй схорзӕхджын кӕной адӕмы, кӕцытӕ бахастой стыр хайбавӕрд республикӕйы паддзахаддзинады райрӕзтмӕ.

"Уыдон сты адӕм, кӕцыты фӕрцы абон махӕн ис паддзахад ӕмӕ хӕдбардзинад", - загъта Гасситы Петр.

Спикеры къухтӕй хорзӕхтӕ райстой Джиоты Павел, Дыгъуызты Николай, Софья Мамацашвили, Харебаты Леонид, Уалыты Сергей.

Фыццаг ӕрсидты парламенты депутат Харебаты Леонид загъта бузныг хорзӕхты тыххӕй.

Хъуылымбегты Торезы  майдан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъуылымбегты Торезы фыццаг майдан радтой йӕ бинонтӕн

"Фыццаг ӕрсидты депутаттӕ, цӕрджытӕ ӕмӕ Хъуылымбегты Торезы хиуӕтты номӕй мӕ фӕнды зӕгъын стыр бузныг адӕмӕн, кӕцытӕ бындур ӕрӕвӕрдтой ацы майданӕн. Хъуылымбегты Торез уыд номдзыд адӕймаг, уый йӕ тыхтӕ иууылдӕр радта Хуссар Ирыстоны адӕмӕн лӕггад кӕнынӕн. Мӕн фӕнды бадзурын раздӕры ӕмӕ ныры разамонджытӕм - адӕм куы рох кӕнынц сӕ истори, сӕ хъайтарты, кӕцытӕ сӕ туг калдтой ӕмӕ хъахъхъӕдтой фыдыбӕстӕ, уӕд уыцы адӕмӕн сомбон нӕй", - загъта Харебаты Леонид.

Политикон архайджытӕй бирӕтӕ, кӕцытӕ хъахъхъӕдтой Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад, ахицӕн сты сӕ цардӕй. Майдантӕ радтой сӕ хиуӕттӕн ӕмӕ ӕввахс адӕмӕн.

Хъуылымбегты Торезы майдантӕ амӕлӕты фӕстӕ райстой Гасситы Знауыр, Уалыты Дмитрий, Дзуццаты Хадзы-Мурӕт, Пухаты Аарон, Тедеты Махарбег.

Афтӕ ма спикер радта парламенты Кады грамотӕтӕ йӕ коллегӕтӕ ӕмӕ уагдӕтты разамонджытӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0