"Иугонд Ирыстон" райста 35%: бюллетеньты 95% -мæ гæсгæ хатдзæгтæ

© Sputnik / Наталья Айриян"Иугонд Ирыстон" райста 35%: бюллетеньты 95% -мæ гæсгæ хатдзæгтæ
Иугонд Ирыстон райста 35%: бюллетеньты 95% -мæ гæсгæ хатдзæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Централон æвзарæн къамис ныммыхуыр кодта Хуссар Иры парламентон æвзæрстыты хатдзæгтæ бюллетеньты 95% нымады фæстæ

ЦХИНВАЛ, 11 июн – Sputnik. Парти "Иугонд Ирыстон" исы æвзарджыты хъæлæсты 34,96 % , кæцытæ райстой хайад хуыцаубоны хъæлæсæппæрсты, хъусын кæны ЦӔК сайт.

Ацы бæрæггæнæнтæ раргом кодтой бюллетеньты 95% нымады фæстæ.

• Дыккаг бынатыл хъæлæсты 21,80% ис Адæмон парти.

• Парти "Ныхас"-æн схъæлæс кодтой 14,37%.

• "Дзыллæйы иудзинады" фарс балæууыдысты 12,96%.

• Коммунистон парти райста 7,29%.

• Уый фæстæ цæуы парти "Фыдыбæстæ" хъæлæсты 3,20%-имæ

• Парти "Иудзинад" æрæмбырд кодта 2,83%.

• Республикæйы æппæт партиты ныхмæ схъæлæс кодтой æвзарджыты 2,6%

Иумандатон зылдтæм гæсгæ парламентон æвзæрстыты фылдæр хъæлæстæ райстой:

• Ӕвзарæн зылд №1 — Сланты Иван Хъазбеджы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №2 – Тадтаты Анатолий Григорийы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №3 – Мулдарты Гарри Виталийы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №4 – Тедееты Артур Акакийы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №5 – Чсиаты Константин Георгийы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №6 – Гаглойты Малхаз Нугзары фырт;

• Ӕвзарæн зылд №7 – Кокойты Валерий Тегайы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №8 – Гаглойты Алан Ирбегы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №9 – Уалыты Ибрагим Хазбийы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №10– Икъоты Сæрмæт Николайы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №11 – Къвезерты Арсен Асланы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №12 – Хуыджеты Руслан Павелы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №13 – Бæззаты Владимир Гелайы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №14– Икъоты Виталий Зауры фырт;

• Ӕвзарæн зылд №15 – Хъотайты Дмитрий Хсарбегы фырт;

• Ӕвзарæн зылд №16– Дриаты Заза Нодары фырт;

• Ӕвзарæн зылд №17 – Хуыбылты Илья Франгелы фырт.

Парламентон æвзæрстыты хъæлæсæппæрсты хайад райстой цæрджыты 65%.

Ног хабӕртты лентӕ
0