Дыккаг бæллæх: Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы

© facebook/Рада ДзагоеваЦхинвалы Фидауынгæнджыты уынгыл 12-æм бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы
Цхинвалы Фидауынгæнджыты уынгыл 12-æм бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
25 майы тыхдымгæйы фæстиуæгæн бирæуæладзыгон хæдзары агъуыст систа дымгæ, уæд горæты разамынад ныфс бавæрдта агъуыст раивынæй, фæлæ хъуыддаг ныффæстиат ис

ЦХИНВАЛ, 13 июн — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицæйы Фидауынгæнджыты уынгыл 12-æм бирæуæладзыгон хæдзар цыппæрæмы æхсæвы тæрккъæвдайы фæстиуæгæн фæцис донласт.

Тæрккъæвда фæласта фæндæгтæ Дзауы районы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тæрккъæвда фæласта фæндæгтæ æртæ хъæумæ

Бирæуæладзыгон хæдзары агъуыст систа дымгæ 25 майы тыхдымгæйы фæстиуæгæн, уæд горæты разамынад ныфс бавæрдта агъуыст раивынæй, фæлæ хъуыддаг ныффæстиат ис.

Социалон хизæджы апарахат сты донласт фатерты къамтæ, видеотæ æмæ мæсты ныхæстæ. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, хæдзары дон æрхъардта фыццаг уæладзыджы онг.

Горæты администрацийы пресс-службæйы ацы уавæры фæдыл Sputnik комментаритæ нæ радтой.

© facebook/Рада ДзагоеваЦхинвалы Фидауынгæнджыты уынгыл 12-æм бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы
Дыккаг бæллæх: Цхинвалы бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы Фидауынгæнджыты уынгыл 12-æм бирæуæладзыгон хæдзар донласт фæцис тæрккъæвдайы
Ног хабӕртты лентӕ
0