Хуссарирыстойнаг студенттæ адарддæр кæндзысты ахуыр ӔАМПИ-ы бакалавриаты

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæХуссарирыстойнаг студенттæ адарддæр кæндзысты ахуыр ӔАМПИ-ы бакалавриаты
Хуссарирыстойнаг студенттæ адарддæр кæндзысты ахуыр ӔАМПИ-ы бакалавриаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ӔАМПИ-ы ректор ныфс радта хуссарирыстойнаг студенттæн ахуыры фадат саразын

ЦХИНВАЛ, 18 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минæвар Гасситы Знауыр президент Бибылты Анатолийы хæслæвæрдмæ гæсгæ фембæлд ӔАМПИ-ы ректор Анатолий Торкуновимæ, хъусын кæны минæварады пресс-службæ.

ӔАМПИ дӕтты Хуссар Ирӕнӕн фондз квота  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрмӕстдӕр магистратурӕмӕ: ӔАМПИ дӕтты Хуссар Ирӕн фондз квотайы

"Фембæлды рæстæджы дзырд цыд хуссарирыстойнаг студентты ахуырыл бакалавриаты нывæзтмæ гæсгæ ног ахуыры азы. Ректор минæварæн дзырд радта, уæлдæр ахуыргæнæндон кæй ссардзæн фадæттæ цæмæй хуссарирыстойнаг студенттæ адарддæр кæной ахуыр ӔАМПИ-йы", - дзырдæуы хъусинаджы.

Президенты номæй Гасситы Знауыр бузныг загъта ректорæн йæ хайбавæрды тыххæй дыууæ бæстæйы ʻхсæн æхсæнадæмон баныхасты размæцыды хъуыддагмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0