Райгондӕй нӕ баззад: Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл

© Пресс-служба администрации ЦхинвалаЦхинвалы мэр азылд сабидӕттыл
Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Столицӕйы администрацийы сӕргълӕууӕг банысан кодта, сабидӕтты хӕрд кӕй хъуамӕ уа пайдаджын ӕмӕ балансгонд

ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны сӕйраг горӕты къухдариуӕгад уадзы ӕнӕнхъӕлӕджы инспекцитӕ скъолаагъоммӕ ахуырадон уагдӕтты хӕрды гъӕд ӕмӕ бӕрц рабӕрӕг кӕныны нысанӕн, фехъусын кодта Sputnik мэрияйы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

© Пресс-служба администрации ЦхинвалаЦхинвалы мэр азылд сабидӕттыл
Райгондӕй нӕ баззад: Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл

Цхинвалы администрацийы сӕргълӕууӕг Коцты Алан банысан кодта, республикӕйы къухдариуӕгад цъус фӕрӕзтӕ кӕй нӕ хицӕн кӕны сабидӕттӕн ӕмӕ уыдон хъуамӕ хӕццӕ кӕной адресатмӕ.

"Фыццаг рады, сабиты хӕрд хъуамӕ уа пайдаджын, хъӕзныг ӕмӕ балансгонд", - ӕрхаста Коцты Зӕринӕ мэры ныхӕстӕ.

Пресс-секретарь бахахх кодта, инспекцийы фӕстиуджытӕй мэр райгондӕй кӕй нӕ баззад.

© Пресс-служба администрации ЦхинвалаЦхинвалы мэр азылд сабидӕттыл
Райгондӕй нӕ баззад: Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл

Сӕйраджыдӕр, фау ӕрхаста медицинон хоты куыстмӕ - уыдон сӕ куысты бынӕтты хъуамӕ уой ӕрвылбон дӕр 8:30-ӕй 16:30 сахаты онг. 

Коцты Алан бахӕс кодта аиуварс кӕнын хъӕндзинӕдтӕ ӕмӕ бафхӕрын аххосджынты.

© Пресс-служба администрации ЦхинвалаЦхинвалы мэр азылд сабидӕттыл
Райгондӕй нӕ баззад: Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы мэр азылд сабидӕттыл
Ног хабӕртты лентӕ
0