МХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ

© Пресс-служба МВД РЮОМХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ
МХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сæ нысан у сæ архæстдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын

ЦХИНВАЛ, 26 июн - Sputnik. Мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд нысаниуæджы къорды кусджытæ рацыдысты ахуыртæ тактикон æхстæй цæттæгæнæн полигоны, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.

Уыдон сфæлвæрдтой сæхи тагъд æмæ нысанмæ æхсынæй æндæр æмæ æндæр бынæттæй æмæ равдыстой иттæг хорз бæрæггæнæнтæ.

© Пресс-служба МВД РЮОМХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ
МХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ

Нысанмæ æхст цыд автомат æмæ Калашниковы пулеметтæй, гранатометтæй, афтæ ма Драгуновы снайперон винтовкæйæ.

Инстукторы ныхæстæм гæсгæ, цæттæгæнæн куысты ацы хаймæ стыр хъусдард здæхт цæуы.

"Професси баст у тасимæ æмæ домы хорз цæттæдзинад, уымæ гæсгæ æдзух хъæуы хи фæлварын. Къорды хицæн кæны тагъд архайдмæ æвзыгъддзинад, уымæ гæсгæ, хъуыды кæнын хъæуы тагъд, æхсын - нысанмæ", - зæгъы инструктор.

Ахуырты нысан у архæстдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын.

© ФСБ РФ /  Ахизын медиабанкмæМХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ
МХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
МХМ сæрмагонд дæлхайады кусджытæн ацыд æхсынæй ахуыртæ
Ног хабӕртты лентӕ
0