Гуырахстджын шоу: Хуссар Иры рауагъдонтæ архайдтой фестиваль "Алые паруса"-йы

© Пресс-служба посольства РЮО в РФХуссар Иры рауагъдонтæ архайдтой фестиваль "Алые паруса"-йы
Хуссар Иры рауагъдонтæ архайдтой фестиваль Алые паруса-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны рауагъдоны иу къорд фыццаг хатт уыдысты Уæрæсейы рауагъдонты æрвылазон гуырахстджын бæрæгбоны архайджытæ

ЦХИНВАЛ, 27 июн - Sputnik. Къорд 16 адæймаджы скондæй, сеʻхсæн 14 рауагъдоны хайад райстой фестиваль "Алые паруса"-йы Санкт-Петербурджы, хъусын кæны ХИ минæвæрады пресс-службæ Уæрæсейы.

"Ирд тæлмæнтимæ æрæздæхтысты Цхинвалмæ, уæлдай тынг сæ зæрдæмæ фæцыд пиратехникон шоу Невайы, салют классикон аив зæлтимæ æмæ изæры фидыц – бриг "Россия"-йы æрбацыд, кæцы у бæрæгбон "Алые паруса"-йы сæйраг символ", - дзырдæуы хъусинаджы.

Балцы нывæзты ис экскурситæ Эрмитажмæ, Санкт-Петербурджы историйы паддзахадон музеймæ, Паддзахадон музей "Павловск"-мæ æмæ æндæр фендтаг бынæттæм.

© Пресс-служба посольства РЮО в РФХуссар Иры рауагъдонтæ бабæрæг архайдтой фестиваль "Алые паруса"-йы
Гуырахстджын шоу: Хуссар Иры рауагъдонтæ архайдтой фестиваль Алые паруса-йы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры рауагъдонтæ бабæрæг архайдтой фестиваль "Алые паруса"-йы

Ахуырады министрады минæвар Гæззаты Мадинæ ахуырдзауты номæй бузныг загъта организаторæн сæ уазæгуарзондзинады тыххæй.

Се ʻрцыды тыххæй разыдзинад райстæуыд апрелы Хуссар Иры минæвар Гасситы Знаур æмæ Санкт-Петербурджы губернатор Александр Бегловы фембæлды рæстæджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0