Сабиты фæзуат: Цхинвалы равзæрстой хуыздæр социалон проект

© Sputnik / Фатима ПлиеваСабиты фæзуат: Цхинвалы равзæрстой хуыздæр социалон проект
Сабиты фæзуат: Цхинвалы равзæрстой хуыздæр социалон проект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурсы уæлахиздзаутæ бавдыстой Гафезы уынгыл сывæллæтты хъазæн фæзуат "Доступный двор" бакæныны проект, кæцыйы уыдон ныфс дæттынц саразын дыууæ мæйы æмгъуыдмæ

ЦХИНВАЛ, 4 июл - Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы киноконцертон зал "Чермен"-ы цыппæрæм июлы фæсивæды минæвæрттæ бавдыстой фондз социалон проекты грантон конкурсы финалмæ. Жюри се ʻхсæн равзæрстой Габатты Альберт, Плиты Андрей æмæ Мамиты Григорийы проект - Гафезы уынгыл сывæллæтты фæзуат "Доступный двор".

Уæлахиздзау проекты автортæ раразмæ кодтой Гафезы уынгыл 16 æмæ 16-æм-А бирæуæладзыгон хæдзæртты раз сывæллæтты фæзуат саразын. Фæсивæдæн сæ ном хъуыстгонд у куыд бирæнымæц хæрзаудæн мадзæлтты архайджытæ æмæ организатортæ.

© Sputnik / Фатима ПлиеваГабатты Альберт æмæ Мамиты Григорий
Сабиты фæзуат: Цхинвалы равзæрстой хуыздæр социалон проект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Габатты Альберт æмæ Мамиты Григорий

Хъазæн фæзуаты аргъ лæууы æмткæй 500 мин сомы, уыдонæй æрмæст 300 уыдзысты грантон фæрæзтæ, аннæтæй баххæст кæнын йæ аразджытæн ныфс дæттынц районы цæрджытæ.

"Проекты аргъ лæууы 500 мин сомы, уыдоны уыдзæн нæхи хайбавæрд дæр, стæй нын æххуысы ныфс радтой районы цæржытæ дæр. Дыууæ мæйы æмгъуыдмæ раздæры уагъд бынаты фæзындзæн сабиты хиирхæфсæн зонæ. Ацы дыууæ хæдзары ис 100 сабийы бæрц, мах сæ фæиппæрд кæндзыстæм интернетæй", - загъта проекты автортæй иу Мамиты Григорий.

Грантон конкурсы финалон этапмæ бахызт фондз проекты - горæты цад ссыгъдæг кæнын, дурынгæнæг æрмадз саразын, сахъат сывæллæттæн æххуысы акцитæ, сывæллæтты хъазæн фæзуат æмæ горæты цæгат хайы фæндаджы рацарæзт.

Гаглойты Алан ивгъуыд аз фæсивæдон форум "Таврида"-йы райста грант ирон национ музыкалон инструменттæ саразын æмæ сыл цæгъдын сахуыр кæнынæн. Ацы конкурсмæ та уый бавдыста йæ æрмадзы фарсмæ ноджы саразын дурынгæнæг æрмадз "Алафарн", фæлæ йæ проект жюрийы разыдзинад нæ райста.

Ирон чиныг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон мобилон æмхасæнты автор райста грант фæсивæдон форум "Машук"-ы

Цымыдисон проект бавдыста ХМИ студенткæ Зæгъойты Вероника, уый æнхъардта ног технологон системæмæ гæсгæ ссыгъдæг кæнын горæты цад биоплатойы руаджы. "Дорэкспострой"-ы кусæг та раразмæ кодта æнхъарæн, цы ран уый фæндыд столицæйы цæгаттаг æрцæуæны фæндаджы змæлд æмбæлон уагмæ æркæныны охыл ахуыртæ ауадзыны проекты сæххæстæн разыдзинад райсын.

© Sputnik / Фатима ПлиеваПроектты автортæ
Проектты автортæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/4
Проектты автортæ
© Sputnik / Фатима ПлиеваПроектты автортæ
Проектты автортæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/4
Проектты автортæ
© Sputnik / Фатима ПлиеваПроектты автортæ
Проектты автортæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/4
Проектты автортæ
© Sputnik / Фатима ПлиеваПроектты автортæ
Проектты автортæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/4
Проектты автортæ
1/4
Проектты автортæ
2/4
Проектты автортæ
3/4
Проектты автортæ
4/4
Проектты автортæ

Сывæллæты бартæ хъахъхъæныны фæдыл президенты æххæстбарджыны æмкусæг ралæууыд низæфхæрд сывæллæтæн æмæ сæ ныййарджытæн баххуысы проектимæ, уый æнхъардта ауадзын азы дæргъы 7 акцийы.

Экономикон райрæзты министрад, Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет æмæ ХИПУ кусджыты скондæй жюри разыдзинад райста "Доступный двор".

Конкурс цыд студенттæ, фæсивæдон æмæ æхсæнадон баиугæндты минæвæрттæ æмæ куыстыл хæст фæсивæды ʻхсæн. Расидт æй Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЖюрийы уæнгтæ
Сабиты фæзуат: Цхинвалы равзæрстой хуыздæр социалон проект - Sputnik Хуссар Ирыстон
Жюрийы уæнгтæ
Ног хабӕртты лентӕ
0