Нывгӕнджыты бӕллиц: Цхинвалы байгом ис ӕрмадз

© Александр ДжиоевЦхинвалы байгом ис ӕрмадз
Цхинвалы байгом ис ӕрмадз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕрмадзы куысты тыххӕй радзырдта йӕ бындурӕвӕрӕг Хъотайты Елена

ЦХИНВАЛ, 12 июл - Sputnik, Уалыты Диана. Хуссар Ирыстоны столицӕйы байгом ис иунӕг багетон ӕрмадз республикӕйы, радзырдта Sputnik Хъотайты Григорийы номыл культурӕйы фонды сӕрдар Хъотайты Елена. Уый размӕ нывгӕнджытӕ хъуамӕ цыдаиккой Дзӕуджыхъӕумӕ, цӕмӕй формӕ радтой сӕ нывтӕн ӕмӕ сӕ бацӕттӕ кӕной равдыстмӕ, кӕнӕ та уӕй кӕнынмӕ.

Григорий Котаев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы байгом ис Хъотайты Григорийы номыл хӕрзаудӕн фонд

"Ӕрмадз саразыны хъуыды мӕм фӕзынд, мӕ фыды куыстытӕй сӕдӕйӕ фылдӕр куы аластон Дзӕуджыхъӕумӕ, цӕмӕй сӕ бацӕттӕ кӕнон равдыстмӕ. Уый фӕстӕ дӕр уыд бирӕ экспозицитӕ, кӕцыты тыххӕй аластон куыстытӕ", - радзырдта Хъотайты Елена.

Уӕд Хъотайты Еленамӕ фӕзынд хъуыды саразын багетон ӕрмадз Хуссар Ирыстоны. Уый ссардта ӕнӕмӕнгхъӕугӕ ифтонггарз Дзӕуджыхъӕуы. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕххуысы фӕдыл бадзырдта президент Бибылты Анатолимӕ, кӕцы балхӕдта ифтонггарз. Культурӕйы фондӕн уый фыццаг проект нӕ уыд, кӕцыйӕн ӕхцайы фӕрӕзтӕ рахицӕн кодта республикӕйы сӕргълӕууӕг.

"Стыр бузныг президентӕн ӕххуысы тыххӕй. Ӕрмадз ныридӕгӕн кусы – ацы аз Аивадон ахуыргӕнӕндоны рауагъдонтӕ сӕ куыстытӕ бацӕттӕ кодтой махмӕ. Уый мын тынг ӕхсызгон у", - загъта Хъотайты Елена.

Ӕрмадз ис номдзыд нывгӕнӕг Джиоты Валерийы хӕдзары Дзабиты Геннадийы уынгыл. Багетон ӕрмадзы куыстытӕ аразы нывгӕнӕг ӕмӕ скульптор Джиоты Валерий йӕ лӕппу Александримӕ.

Афтӕ ма ӕрмадзы уӕй кӕндзысты Джиоты Валерий ӕмӕ ӕндӕр нывгӕнджыты куыстытӕ. Хъотайты Елена банысан кодта, багетон ӕрмадз кӕй у ӕнӕмӕнгхъӕугӕ Хуссар Ирыстоны.

"Багетон ӕрмадзы хӕслӕвӕрд у радтын эстетикон формӕ къамтӕ, грамотӕтӕ ӕмӕ ӕндӕртӕн. Хуссар Ирыстоны уагъд цӕудзысты равдысттӕ, ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ нывгӕнджытӕн уыдзӕн фадат бацӕттӕ кӕнын сӕ куыстытӕ нӕ республикӕйы", - банысан кодта бундурӕвӕрӕг.

Хъотайты Елена бафтыдта, зӕгъгӕ, сентябры столицӕйы ацӕудзӕн зындгонд нывгӕнӕг Валерий Авагимовы равдыст, ӕмӕ йӕ нывтӕ бацӕттӕ кӕндзысты ног ӕрмадзы.

Ног хабӕртты лентӕ
0