Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры арæзт цæуы дыууæ кувæндоны

© Sputnik / Наталья АйриянДзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры аразт цæуы дыууæ кувæндон
Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры аразт цæуы дыууæ кувæндон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арæзтæдтæ цæуынц Уæрæсейы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболаты хæрдзтæй йæ райгуырæн хъæуы

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры Знауры районы Цъорбисы хъæуы сæрмæ цалцæг цæуы Тедеты мыггаджы кувæндон, æмрæстæджы дзуармæ хæстæг, раздæры цæрæнуæтты бынаты бындур æвæрд æрцыд Чырыстийы номыл рæстдинон аргъуанæн. Арæзтæдтæ цæуынц Уæрæсейы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболаты хæрдзтæй.

© Sputnik / Наталья АйриянТедеты мыггаджы кувæндон
Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры арæзт цæуы дыууæ кувæндоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты мыггаджы кувæндон

Цъорбисы хъæуы къуылдымыл сараздзысты Тедеты мыггаджы кувæндон, йæ мæсыг, рæстдинон аргъуан æмæ Гомарты дзуармæ бацæуæны æрдынæг. Арæзтæдтыл архайынц дыууæ къорды.

© Sputnik / Наталья АйриянТедеты мыггаджы кувæндон æмæ уæлмæрд
Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры арæзт цæуы дыууæ кувæндоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тедеты мыггаджы кувæндон æмæ уæлмæрд

Хъæуы сæрмæ уæлмæрды хсæн ис Тедеты дзуар. Ам фылдæр бæрцæй æвæрд цæуынц Тедеты мыггаджы минæвæрттæ, ам се ʻнусон бынат ссардтой Уæрæсейы сæйраг тренер уæгъдибар хъæбысхæстæй Тедеты Дзамболаты фыд æмæ æфсымæр.

"Ирыстоны стырдæр динон бæрæгбонтæй иу - Гомарты бонæй иу къуырийы фæстæ нысан цæуы Билуртайы (Цхуырбаты) бæрæгбон, уый фæстæ та вæййы Тедеты дзуары бон. Ацы бон ам сæхи фæфæдзæхсынц канд мыггаг нæ, фæлæ ма сæ хæрæфырттæ æмæ хъæуы цæрджытæ дæр", - загъта хъæуы цæрæг.

120 азы бæрц размæ амад агъуыст рæстæджы æндæвдад нæ баурæдта æмæ уыд æрдæгкалд, ныридæгæн уый сæндидзын кодтой, йæ фарсмæ та цæуы ног арæзтад.

© Sputnik / Наталья АйриянРæстдинон аргъуаны арæстад
Дзуар æмæ аргъуан: Хуссар Иры арæзт цæуы дыууæ кувæндоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рæстдинон аргъуаны арæстад

"Кувæндон йæ раздæры хуызы фæстæмæ æрцыд арæзт, йæ цуры амад цæуы мæсыг, кæцыйы бæрзæнд уыдзæн 14 метры. Уымæй дарддæр уæлмæрдмæ бацæуæны æрдынæг араздзысты дыууæ мæсыджы, ахæм арæзтад ма уыдзæн Гомарты кувæндонмæ фæндагыл", - загъта Sputnik арæзтады къухдариуæггæнæг Козаты Руслан.

Тедеты Дзуары рахиз фарс раздæры цæрæнуæтты бынаты бындур æвæрд æрцыд Чырыстийы номыл рæстдинон аргъуанæн.

"Кусæм дыууæ къуырийы бæрц. Азы кæронмæ хъуамæ аргъуан бакæнæм агъуысты бын, 2020 азы та архайдзыстæм йæ хæрзарæзтадыл. Йæ тыгъдад уыдзæн 140 квадратон метры", - загъта аргъуаны арæзтады прораб Ӕлборты Инал.

© Sputnik / Наталья АйриянАрæзтад Цъорбисы хъæуы.
Арæзтад Цъорбисы хъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы.
© Sputnik / Наталья АйриянАрæзтад Цъорбисы хъæуы.
Арæзтад Цъорбисы хъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы.
© Sputnik / Наталья АйриянАрæзтад Цъорбисы хъæуы.
Арæзтад Цъорбисы хъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы.
© Sputnik / Наталья АйриянАрæзтад Цъорбисы хъæуы
Арæзтад Цъорбисы хъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
4/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы
© Sputnik / Наталья АйриянАрæзтад Цъорбисы хъæуы.
Арæзтад Цъорбисы хъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
5/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы.
© Sputnik / Наталья АйриянАрæзтад Цъорбисы хъæуы.
Арæзтад Цъорбисы хъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
6/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы.
1/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы.
2/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы.
3/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы.
4/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы
5/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы.
6/6
Арæзтад Цъорбисы хъæуы.
Ног хабӕртты лентӕ
0