Дыууӕ азы ахӕст: цхинвайлаг лӕппуйы ӕрцахстой расыгӕй скъӕрыны тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕстаг дыууӕ азы нӕлгоймаджы дыууӕ хатты ӕрцахстой хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕргӕйӕ, банысан кодтой Мидхъуыддӕгты министрады

ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Фӕндагон-постон службӕйы кусджытӕ ӕрцахстой Цхинвалы 30-аздзыд цӕрӕджы хӕдтулгӕ дыккаг хатт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй, хъусын кӕны къуырисӕры Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Раздӕр нӕлгоймаджы дыууӕ хатты ӕрцахстой хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕргӕйӕ, банысан кодтой Мидхъуыддӕгты министрады.

"2018 азы административон фӕткхалды тыххӕй шофырӕн радтой ӕхсӕз мӕйы ахӕстоны дзырдӕй. Аналогион фӕткхалд уый сӕххӕст кодта 2019 азы райдайӕны. Уӕд тӕрхондон рахаста уынаффӕ, цӕмӕй йӕ дзырдӕй сбадын кӕной ахӕстон иу аз ӕмӕ ӕхсӕз мӕймӕ. Ныр та нӕлгоймаг фехӕлдта РХИ закон "административон бӕрны тыххӕй фӕндагон змӕлды фӕтк фехалыны тыххӕй дыккаг хатт дыууӕ азмӕ". Законы санкцитӕм гӕсгӕ йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы дыууӕ азы онг ахӕстон", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уавӕр фӕндӕгтыл

Афтӕ ма МХМ фехъусын кодтой, ивгъуыд къуыри республикӕйы фӕндӕгтыл кӕй ӕрцыд дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн зиан баййӕфта иу адӕймаг.

Рейдон мадзӕлтты рӕстӕджы Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 226 фӕткхалды. Фондз шофыры скъӕрдтой хӕдтулгӕтӕ нозтджынӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0