Ссардта йӕхи аудитори: Цхинвалы уагъд цӕуы къамты равдыст "Сушка"

© Sputnik / Наталья АйриянФоторавдыст "Сушка" Цхинвалы
Фоторавдыст Сушка Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Акци уагъд цӕуы ӕртыккаг хатт, ацы аз нывонд у адӕмон къамисӕг Гӕбӕраты Неллийы мысӕнӕн

ЦХИНВАЛ, 30 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны столицӕйы дыццӕджы байгом ис ӕртыккаг ӕхсӕнадӕмон акци "Сушка". Ногдзауты парчы ӕрцауыгътой дӕсгай къамтӕ.

"Равдысты тыххӕй банхъардтой Петербургаг этузиасттӕ. Республикӕйы мах фыццаг хатт "Сушка" ауагътам 2015 азы. Гӕбӕраты Нелли активон хайад иста фыццаг ӕмӕ дыккаг фоторавдысты дӕр, уый фӕдыл мах аскъуыддзаг кодтам ӕртыккаг акци уымӕн снывонд кӕнын", - радзырдта проекты организатортӕй иу Элла Авагимова.

© Sputnik / Наталья АйриянФоторавдыст "Сушка" Цхинвалы
Ссардта йӕхи аудитори: Цхинвалы уагъд цӕуы къамты равдыст Сушка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фоторавдыст "Сушка" Цхинвалы

Уый банысан кодта, равдысты кӕй бавдыстой ӕнӕпрофессионалон къамтӕ.

"Сӕ къамтӕ бавдыстой Софья Исаакян, Хаситы Михаил, Михаил ӕмӕ Элаа Авагимова. Афтӕ ма дзы ис Наталья Айриян ӕмӕ ӕндӕр къамисджыты куыстытӕ. Хицӕнӕй бавдыстой Гӕбӕраты Неллийы къамтӕ", - банысан кодта Элла Авагимова.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, къамтӕ уӕй нӕ кӕнынц, равдысты фӕстӕ алкӕмӕн дӕр бар ис ахӕссын йӕ зӕрдӕмӕ цы куыстытӕ фӕцыд, уыдон.

© Sputnik / Наталья АйриянФоторавдыст "Сушка" Цхинвалы
Ссардта йӕхи аудитори: Цхинвалы уагъд цӕуы къамты равдыст Сушка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фоторавдыст "Сушка" Цхинвалы

Къамисӕг Наталья Айриян радзырдта, "Сушка"-йы фыццаг хатт кӕй райста хайад.

"Алкӕцы сфӕлдыстадон адӕймаджы дӕр фӕнды ссарын йӕхи аудитори. Ӕхсызгон у, адӕм куы уынынц дӕ куыстытӕ", - загъта уый.

Равдысты, сӕйраджыдӕр, гӕнӕн ис фенын пейзажтӕ ӕмӕ хуызисттӕ, афтӕ ма дзы бирӕ ис горӕты сурӕттӕ.

Акци уагъд цӕуы Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты ӕххуысӕй.

"Сушка"-йы проект у ӕнӕкоммерцион – хайадисджытӕ нӕ фидынц кӕйдӕр къамтӕ рахӕссыны тыххӕй.

© Sputnik / Наталья АйриянФоторавдыст "Сушка" Цхинвалы
Ссардта йӕхи аудитори: Цхинвалы уагъд цӕуы къамты равдыст Сушка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фоторавдыст "Сушка" Цхинвалы

Ӕнæкоммерцион проект "Сушка" фыццаг фæзынд Санкт-Петербурджы 2010 азы. Йæ автортæ сты Ольга Луветау æмæ Андрей Кеззин. Хуссар Ирыстоны акци фыццаг хатт уагъд ӕрцыд 2015 азы августы.

Гӕбӕраты Нелли – ахуыргӕнӕг ӕмӕ къамисӕг, кӕцыйы Хуссар Ирыстоны нымайынц "адӕмоныл". Уый уарзтой ӕппӕт республикӕйы, ӕнӕ йӕ къамтӕй нӕ цыд никӕцы ахсджиаг цау. Гӕбӕраты Нелли ахицӕн йӕ цардӕй ацы аз марты.

Ног хабӕртты лентӕ
0