Хуссар Иры хӕс газ ӕмӕ рухсы ӕввонггӕнджыты раз схызт ӕрдӕг миллиард соммӕ

© Sputnik / Руслан ТадтаевГазы хынцӕг
Газы хынцӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Рухс ӕмӕ газы фиддонты проблемӕйыл ӕрдзырдтой республикӕйы хицауады рабадтыл

ЦХИНВАЛ, 31 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны электроэнерги ӕмӕ газы хъалонты ӕмбырдкӕнынад у 65 проценты, афтӕ хъалонтӕ нӕ фӕфидынц республикӕйы цӕрджытӕй дарддӕр паддзахадон организацитӕ дӕр. Уый тыххӕй фехъусын кодта сӕудӕджерад, транспорт ӕмӕ энергетикӕйы комитеты сӕрдар Санахъоты Батрадз хицауады рабадтыл, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

РХИ Национаон банк - Sputnik Хуссар Ирыстон
Газ ӕмӕ рухсы фиддонты аргъ ацы аз нӕ фӕфылдӕр уыдзӕн

Премьер-министр Пухаты Эрик бахахх кодта, зӕгъгӕ, ахӕм хӕстӕ хъуамӕ ма уой, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны иумӕйаг хӕс газ ӕмӕ рухсы ӕввонггӕнджыты раз у ӕрдӕг миллиард сомы.

Пухаты Эрик бафӕдзӕхста хӕсджын организациты разамонджыты, цӕмӕй тагъд рӕстӕджы бафидой хъалонтӕ ӕмӕ хыгъдлӕвӕрд радтой хицауадӕн.

Хуссар Ирыстонмӕ электроэнерги ӕмӕ газ цӕуынц Уӕрӕсейӕ 110 КВт электрондыхы хахх "Зӕрӕмӕг-Цӕгаттаг портал-Дзау"-ыл ӕмӕ Дзуарыхъӕу-Цхинвал газы хӕтӕлыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0