Хуссар Иры хъæутæй иуы цæрæгмæ ссардтой хæцæнгарз æмæ наркотикты егъау парти

© Пресс-служба МВД РЮО Наркотиктæ уæйгæнæджы æрцахстой Хуссар Иры
Наркотиктæ уæйгæнæджы æрцахстой Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Нæлгоймагмæ зæрдæ æхсайы уголовон закондæттынады æртæ статья фехалынмæ

ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik. Наркотикон буарадтæм цæстдарæн службæйы оперативон кусджытæ ссардтой æртæ килограммæ æввахс наркотиктæ, афтæ ма æнæрегистрацигонд хæцæнгарз æмæ хæстон гранатæтæ Знауыры районы Принеуы хъæуы 56-аздзыд цæрæджы хæдзары. Уый тыххæй майрæмбоны фехъусын кодта МХМ пресс-службæ.

"Зæрдæмæхсайгæ нæлгоймаджы хисæрмагонд хæдзары басгæрсты рæстæджы оперативон кусджытæ ссардтой хус гæн, йæ иумæйаг уæз уыд 2,4 кг, афтæ ма хæцæнгæрзтæ дæр. уымæй дарддæр ма йæ кæрты зад гæны æхсæз къутæры", - дзырдæуы хъусинаджы.

Нæлгоймаджы бакодтой МХМ рæстæгмæдарæн изоляторы, наркотиктæ æмæ хæцæнгарз байстой.  Йæ ныхмæ йын бакодтой æртæ уголовон хъуыддаджы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0