Боксер Хуссар Ирӕй фӕуӕлахиз Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры Мӕскуыйы

© Пресс-служба комитета по молодежной политике, сопрту и туризмуБоксер Хуссар Ирӕй фӕуӕлахиз Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры Мӕскуыйы
Боксер Хуссар Ирӕй фӕуӕлахиз Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры Мӕскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Спортсмен ныртӕккӕ у фыццаг Уӕрӕсейы юношӕты командӕйы йӕ уӕзы категорийы

ЦХИНВАЛ, 6 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны боксы скъолайы хъомылгӕнинаг Гӕджиты Гурам ссис Спорты сгуыхт мастер Александр Кошкины мысӕнӕн Ӕппӕтуӕрӕсейон турниры уӕлахиздзау, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ. Ерысты уагъд цыдысты 1-4 августы Мӕскуыйы.

Зассеты Арсӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг богал Зассеты Арсӕмӕг ссис дунейы чемпион

"Гӕджиты Гурам финалон тохы 56 килограмм уӕзы категорийы рамбылдта бынӕттон боксер Егор Щегловы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Амӕйразмӕ хуссарирыстойнаг боксер ссис Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау. Спортсмены тренер банысан кодта, Гӕджиты Гурам ныртӕккӕ кӕй у фыццаг Уӕрӕсейы юношӕты командӕйы йӕ уӕзы категорийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0