Хуссар Ир хайад райсдзӕн фӕсивӕдон форумты "Машук" ӕмӕ "Евразия Global"-ы

© Комитет по молодёжной политике, спорту и туризму РЮОХуссар Ир хайад райсдзӕн фӕсивӕдон форумты "Машук" ӕмӕ "Евразия Global"-ы
Хуссар Ир хайад райсдзӕн фӕсивӕдон форумты Машук ӕмӕ Евразия Global-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзонг адӕм ацыдысты Пятигорск ӕмӕ Оренбургмӕ майрӕмбоны

ЦХИНВАЛ, 9 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕды минӕвӕрттӕ хайад райсдзысты Цӕгат Кавказы фӕсивӕдон ахуырадон форум "Машук"-ы ӕмӕ ӕхсӕнадӕмон фӕсивӕдон форум "Евразия Global"-ы, хъусын кӕны майрӕмбоны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ. Ӕвзонг адӕм ацыдысты Пятигорск ӕмӕ Оренбургмӕ майрӕмбоны.

Этнолагерь   - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Этнолагерь 2019": фæсарæйнаг уазджыты нывæзт Хуссар Иры

"Цӕгат Кавказы фӕсивӕдон форум "Машук" Пятигорскы ацӕудзӕн дӕсӕм хатт, ӕмӕ традицимӕ гӕсгӕ суыдзӕн фӕзуат фӕсивӕды баныхасӕн хицауады минӕвӕрттимӕ, культурӕйы архайджытимӕ, номдзыд спортсментимӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытимӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Ӕхсӕнадӕмон фӕсивӕдон ахуырадон форум "Евразия Global", кӕцы ис ӕхсӕз федералон фӕзуаты сконды, уагъд цӕудзӕн 12-18 августы горӕт Оренбургы. Ацы аз форумы уыдзӕн кусӕгон хай, тыгъдад хайадисджыты ӕмархайдӕн, афтӕ ма сфӕлдыстадон программӕ дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0