Закон халын ӕмӕ ӕрдзӕн зиан хӕссын: Хуссар Иры уадзынц рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты

© МВД РЮОХуссар Иры уадзынц рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты
Хуссар Иры уадзынц рейдтӕ улӕфӕн бынӕтты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны МХМ кусджытӕ уадзынц профилактикон мадзӕлттӕ донбылгӕрӕтты ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты

ЦХИНВАЛ, 13 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы ауагътой профилактикон рейдтӕ донбылгӕрӕтты ӕмӕ улӕфӕн бынӕтты, хъусын кӕны республикӕйы мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Бырон - Sputnik Хуссар Ирыстон
ХИПУ студенттæ æдзæсгом улæфджытæн: уæ фæстæ 'фснайут

Улӕфджытимӕ аныхас кодтой ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы кусджытӕ ӕмӕ фадыгон милиционертӕ. Ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл инспектор Гатыгкоты Натия сын радзырдта, цавӕр мадзӕлттӕ хъӕуы райсын, цӕмӕй ма руадзой ӕнамонд хабрттӕ, афтӕ ма ӕрлӕууын кодта улӕфджыты зӕрдыл, аудгӕ ахаст кӕй хъӕуы дарын канд ӕдасдзинадмӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕрдзмӕ дӕр.

"Иуӕй-иу хатт улӕфджытӕ ӕрмӕст закон нӕ фехалынц, фӕлӕ ма ӕрхӕссынц стыр зиан ӕрдзӕн дӕр. Уый рараст кӕнынӕн та бахъӕуы дӕсгай ӕзтӕ", - банысан кодта Гатыгкоты Натия.

Профилактикон ныхас ма уадзынц Леуахи ӕмӕ Пацъайы донбылгӕрӕтты улӕфджытимӕ дӕр. Дзауы районы мидхъуыддӕгты управленийы кусджытӕ бамбарын кодтой, цавӕр бӕрн ис нозтджынӕй хӕдтулгӕ скъӕрынӕн.

Найӕн сезоны рӕстӕджы ма МХМ минӕвӕрттӕ УУМ ирвӕзынгӕнджытимӕ уадзынц профилактикон мадзӕлттӕ ӕмбӕстӕгтимӕ ӕмӕ сӕ фӕдзӕхсынц, цӕмӕй уой арӕхстджындӕр цӕугӕдӕтты ӕмӕ цӕдты найгӕйӕ ӕмӕ хъахъхъӕной сӕхи.

Ног хабӕртты лентӕ
0