Лекцитӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ: Хуссар Иры фӕсивӕд се 'нкъарӕнты тыххӕй этнолагерӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЭтнолагерь
Этнолагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лагерь ӕрӕмбырд кодта 14-18 азы кары фӕсивӕды. Организатортӕ сын ӕрымысыдысты ирд ӕмӕ цымыдисон программӕ

ЦХИНВАЛ, 15 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы поселочы лагеры улӕфынц 40 сывӕллонӕй фылдӕр. Лагерь у этнографион, фӕсивӕды зонгӕ кӕнынц республикӕйы рӕсугъддзинӕдтимӕ ӕмӕ националон культурӕимӕ. Проекты хайадисджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ног цымыдисон программӕ.

Этнолагерь-2019 хайадисджытӕ уыдысты Хуссар Ирыстоны Дзауы районы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бафтауын истори ӕмӕ традицитыл: куыд цӕуынц этнолагертӕ Хуссар Иры

"Этнолагерь" байгом ис къуырисӕры, растдӕр уӕд ацыдысты фыццаг мадзӕлттӕ – тренер Калаты Нариман ахуыр кодта скъоладзауты фат ӕмӕ ӕрдынӕй ӕхсын. Уыцы бон ма ӕркастысты Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстадмӕ.

Дыццӕджы сывӕллӕттӕ уыдысты республикӕйы иууыл рӕссугъддӕр бынӕттӕй иуы – Къозы цады.

Ӕртыццӕджы лагеры хайадисджытӕ уыдысты Кърозы хъӕуы, цы ран сӕм ӕнхъӕлмӕ каст уазджыты хӕдзары хицау Пӕррӕстаты Алан. Сывӕллӕттӕ тынг фӕцин кодтой бӕхтыл тезгъо кӕнгӕйӕ, уый фӕстӕ та радзырдтой сӕ тӕлмӕнтӕ.

Ӕхсӕрдӕсаздзыд Хацырты Мария бахахх кодта, фӕсивӕды кӕй фӕнды ӕмбӕлын ахӕм форматы ӕрвылаз дӕр.

© Sputnik / Наталья АйриянЭтнолагерь
Лекцитӕ ӕмӕ ирхӕфсӕнтӕ: Хуссар Иры фӕсивӕд се 'нкъарӕнты тыххӕй этнолагерӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Этнолагерь

"Мах иууылдӕр кӕрӕдзиимӕ базонгӕ стӕм. Ӕхсызгон нын у, кӕй ис ахӕм фӕзуат, цы ран нӕ бон у ссарын ног ӕмбӕлтты. Иууыл тынгдӕр мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд балц цадмӕ, махӕн уым бар радтой нӕхи ныннайын. Баззад нын ӕрмӕстдӕр хорз ӕнкъарӕнтӕ", - банысан кодта скъоладзау.

Боны дыккаг хай сывӕллӕттӕн сорганизаци кодтой мастер-класстӕ националон стилы куклӕтӕ аразынӕй. Уыцы изӕр ма ацыд традицион "хъазт" адӕмон зарӕджы ансамбль "Уацамонгӕ"-йы хайадистӕй.

Фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-секретарь Гӕджиты Алла радзырдта Sputnik, балцыты рӕстӕджы сывӕллӕттӕ кӕй ӕххӕст кӕнынц пайдаджын куыст дӕр.

"Къозы цадмӕ балцы рӕстӕджы сывӕллӕттӕ бафснайдтой йӕ территори. Хӕххон бынат у, фӕлӕ дзы бырон уӕддӕр бирӕ уыд", - загъта уый.

Гӕджиты Алла бафтыдта, зӕгъгӕ дарддӕр дӕр сывӕллӕттӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы цымыдисон программӕ.

"Сывӕллӕттӕ ацӕудзысты балцы Эрцъойы цадмӕ, цы ран уагъд цӕудзӕн бардон зарӕджы фестиваль. Изӕры та сын ауадздзысты сӕ фыдыбӕстӕйы историйы фӕдыл лекци, кӕцы кӕсдзӕн журналист ӕмӕ историк Хъуылымбегты Роберт", - банысан кодта пресс-секретарь.

Майрӕмбоны сывӕллӕттӕ бафснайдзысты лагеры территори, уый фӕстӕ та ацӕудзӕн лагерь сӕхгӕныны церемони.

© Sputnik / Наталья АйриянЭтнолагерь.
Этнолагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Этнолагерь.
© Sputnik / Наталья АйриянЭтнолагерь.
Этнолагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Этнолагерь.
© Sputnik / Наталья АйриянЭтнолагерь.
Этнолагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Этнолагерь.
1/3
Этнолагерь.
2/3
Этнолагерь.
3/3
Этнолагерь.

Лагерь байгом паддзахадон комплексон нысанмæздæхт нывæзт "Хуссар Ирыстоны рæзгæ фæлтæры монон-фæткон хъомылад"-ы фæлгæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0