Хуссар Ир арвитдзӕн цӕстдарджыты Абхазы президенты ӕвзӕрстытӕм

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæ Абхазы ӕвзӕрстытӕ
 Абхазы ӕвзӕрстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Делегацийы сконды сты - парламенты вице-спикер, президенты администраци ӕмӕ централон ӕвзарӕн къамисы минӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 16 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстон йӕ цӕст дары политикон процесстӕм Абхазы, ӕмӕ уый фӕдыл республикӕйы делегаци ацӕудзӕн Сухуммӕ абхазаг президенты ӕвзӕрстыты ӕхсӕнадӕмон мониторингы тыххӕй, фехъусын кодта РХИ парламенты фыццаг вице-спикер ӕмӕ делегацийы разамонӕг Гасситы Петр.

"Абхазы ацӕудзысты президенты ӕвзӕрстытӕ ӕмӕ ӕз банысан кӕндзӕн, хуымӕтӕг политикон уавӕр дзы кӕй нӕй. Мах райстам нӕ ӕфсымӕрон республикӕйы ӕрхуынд ӕмӕ ацӕудзыстӕм ӕвзӕрстытӕм куыд ӕхсӕнадӕмон цӕстдарджытӕ Рӕспубликӕ Хуссар Ирыстонӕй. Мӕнӕй дарддӕр делегацийы сконды сты РХИ президенты администраци ӕмӕ централон ӕвзарӕн къамисы минӕвӕрттӕ", - загъта Гасситы Петр, кӕцыйы ныхӕстӕ фехъусын кодта РХИ парламенты сайт.

Абхазы хицауад Сухумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир ӕмӕ Абхаз бафыстой бадзырд ӕхсӕнадӕмон автомобилон бастдзинады фӕдыл

Депутат фидарӕй загъта, Абхазы ӕвзӕрстытӕ кӕй ацӕудзысты демократион къабазы.

Абхазы президенты ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 2019 азы 25 августы. Фыццаг хатт Абхазы президентон ӕвзӕрстыты историйы уӕлдӕр паддзахадон бынатмӕ ис 10 кандидаты.

Абхазы президенты ӕвзарынц фондз азмӕ. Республикӕйы паддзахады сӕргълӕууӕгимӕ иумӕ ӕвзарынц вице-президенты дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0