Хуссарирыстойнаг кадеттӕ баулӕфдзысты Абхазы хъахъхъӕнынады министрады хӕрдзтӕй

© Пресс-служба МО РЮО Хуссарирыстойнаг кадеттӕ баулӕфдзысты Абхазы
Хуссарирыстойнаг кадеттӕ баулӕфдзысты Абхазы  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дӕсбонон улӕфтытӕм Абхазмӕ ацыдысты сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ равдыстой иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ ахуыры, рамбылдтой республикон олимпиадӕтӕ, афтӕ ма сидзӕртӕ дӕр

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынады министрады Кадетты скъолайы хъомылгӕнджытӕ арвитдзысты сӕ сӕрдыгон улӕфт Абхазы, хӕрдзтӕ йӕхимӕ райста хъахъхъӕнынадон уагдон, фехъусын кодта министрады пресс-службӕйы хистӕр Чехойты Инга.

© Пресс-служба МО РЮО Хуссарирыстойнаг кадеттӕ баулӕфдзысты Абхазы
Хуссарирыстойнаг кадеттӕ баулӕфдзысты Абхазы хъахъхъӕнынады министрады хӕрдзтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг кадеттӕ баулӕфдзысты Абхазы

Дӕсбонон улӕфтытӕм Абхазмӕ ацыдысты сывӕллӕттӕ, кӕцытӕ равдыстой иттӕг хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ ахуыры, рамбылдтой республикон олимпиадӕтӕ, афтӕ ма сидзӕртӕ дӕр.

"Курсанттӕн ауадздзысты экскурситӕ ресбуликӕйы бирӕ фенддаг бынӕттӕм, се 'хсӕн Махаджирты цырт, цад Рица, Ногафойнаг лӕгӕт, Сухумы ботаникон парк ӕмӕ ӕндӕртӕ", - ранымадта Чехойты Инга.

Улӕфджытимӕ ацыдысты Кадетты скъолайы ахуырады хайады гӕс Цхуырбаты Нэя ӕмӕ медицинон кусӕг, кӕцы йӕ хъус дары сывӕллӕтты ӕнӕниздзинады уавӕрмӕ.

Сывӕллӕттӕн улӕфтытӕ сорганизаци кодтой уагдоны хъомыладон куысты нывӕзты фӕлгӕтты хъахъхъӕнынадон уагдоны финансон ӕххуысы фӕрцы.

Ног хабӕртты лентӕ
0