Хуссар Иры минӕвар Сириимӕ ахастыты тыххӕй: стратегион ӕмгуыстад

© Sputnik / Пресс-служба ПосольстваХуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ Сирийы минӕвар Уӕрӕсейы Риад Хаддад
Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр ӕмӕ Сирийы минӕвар Уӕрӕсейы Риад Хаддад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Знауыр банысан кодта бӕстӕты ӕхсӕн стратегикон ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларад

ЦХИНВАЛ, 20 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны минӕвар Уӕрӕсейы Гасситы Знауыр банысан кодта Сирийы минӕвар Уӕрӕсейы Риад Хаддады сӕрмагонд хайадист республикӕты хсӕн ахастыты сфидар кӕныны хъуыддаджы. Уый тыххӕй дзырдӕуы арфӕйы телы сириаг минӕвармӕ йӕ райгуырӕн боны цытӕн.

Хуссар Ир æмæ Сири æруынаффæ кодтой дипминæварады сарæзтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ир æмæ Сири æруынаффæ кодтой дипминæварадты сырæзтыл

"Фӕнды мӕ банысан кӕнын, Дӕ сӕрмагонд хайадисты руаджы Сири ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн ахастытӕ схызтысты стратегикон ӕмгуыстад ӕмӕ хӕларады бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ. Стыр бузныг дын ӕххуыс ӕмӕ пайдаджын ӕмгуыстады тыххӕй", - хъусын кӕны Гасситы Знауыры ныхӕстӕ минӕварады пресс-службӕ.

Афтӕ ма минӕвар банысан кодта Риад Хаддады стыр профессионализм ӕмӕ бахахх кодта, дипломаты профессионалон миниуджытӕ йын кӕй ӕххуыс кӕнынц реализаци кӕнын Сирийы курс иумӕйаг ӕдасдзинады интересты.

Сири 2018 азы 29 майы фехъусын кодта Абхаз æмæ Хуссар Иры банымады тыххæй. Сирийы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр Валим Муаллем ӕмӕ Медойты Дмитрий  бафыстой дыууӕ паддзахады хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕдыл бадзырд 2018 азы июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0