Хуссар Иры ФХМ: Тбилис фӕнд кӕны расайын гарзджын конфликт

© Sputnik / Наталья АйриянХицауад
Хицауад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уагдоны ӕрдзырдтой ИНО, Евроцӕдис ӕмӕ ОБСЕ-мӕ, цӕмӕй ӕруромой Гуырдзыстоны провокацитӕ Хуссар Ирыстоны ныхмӕ

ЦХИНВАЛ, 30 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ) фехъусын кодта Тбилисы радон фӕлварӕны тыххӕй, цӕмӕй басгарой республикӕйы паддзахадон арӕны фидардзинад ӕмӕ банысан кодта, Гуырдзыстон нырма дӕр кӕй фӕнд кӕны расайын ног гарзджын конфликт, кӕцы фехалдзӕн регионы ӕдасдзинад.

Уавæр арæныл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уавæры дестабилизаци: Хуссар Ирыстоны ПӔК Гуырдзыйы архæйдтыты тыххæй

Цыппӕрӕмы, 29 августы, ацыд радон, 95-ӕм фембӕлд Инциденттӕ ма ӕруадзыны ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) форматы, цы ран хайад исынц Хуссар Ирыстоны, Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ, афтӕ ма Евроцӕдис ӕмӕ ОБСЕ мисситы цӕстдарджытӕ. Фембӕлды рӕстӕджы ӕрдзырдтой гуырдзиаг посты арӕзтадыл хуссарирыстойнаг хъӕу Уистӕйы (Цънелис) районы, цы ран цӕрынц 49 бинонтӕ.

Хуссар Ирыстоны делегаци банхъардта гуырдзиаг фарсӕн, цӕмӕй ӕруромой ӕнӕзаконон арӕзтад ӕмӕ ракӕной гуырдзиаг гарзджын хайӕдтӕ объектӕй, кӕцы ис республикӕйы территорийыл, фӕлӕ гуырдзиаг фарс нӕ райста ацы компромиссон скъуыддзаг.

"Хуссар Ирыстоны не мбарынц Фӕскавказы ӕдасдзинады фӕдыл Женеваг дискусситы модераторты – ИНО, Евроцӕдис ӕмӕ ОБСЕ-йы – позици тӕссаг уавӕры тыххӕй. Ногӕй та дзурӕм уыцы авторитетон ӕхсӕнадӕмон организацитӕм, цӕмӕй ӕруромой Гуырдзыстоны провокаци Хуссар Ирыстоны ныхмӕ", - дзырдӕуы ФХМ пресс-службӕйы хъусинаджы.

Цалдӕр боны размӕ республикӕйы Знауыры районы Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы районы бынӕттон цӕрджыты хӕдзӕртты цур гуырдзиаг тыхон структурӕтӕ бавнӕлдтой сӕ объектты арӕзтадмӕ. Хуссар Ирыстоны ФХМ банысан кодта, ацы уавӕр кӕй хӕссы тӕссагдзинад Хуссар Ирыстоны адӕмӕн.

Амӕйразмӕ арӕнгӕрон районы уыд президент Бибылты Анатолий, кӕцы радта фӕдзӕхсттӕ тыхон структурӕтӕн ӕмӕ фидарӕй загъта хъӕуы цӕрджытӕн, Хуссар Ирыстоны арӕн кӕй ничи фехалдзӕн. Цыппӕрӕмы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты фехъусын кодтой, арӕнгӕрон цӕрӕг пунктты цӕрджыты бахъахъхъӕнынӕн Уистӕйы (Цънелис) хъӕуы цур кӕй сарӕзтӕуыд тыхон структурӕты ӕмбырдгонд.

Ног хабӕртты лентӕ
0