Цхинвалы "Остелекомы" станцæй адавтой æхсæз милуан сомы

© Sputnik / Алексей КовалевМегафон
Мегафон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Зæрдæхсайгæ лæппуты æрцахстой, уыдон басастысты сæ фыдракæндыл, банысан кодтой мидхъуыддæгты министрады

ЦХИНВАЛ, 4 авг - Sputnik. Хуссар Иры милицийы кусджытæ æрцахстой Цхинвалы цыппар æнахъом лæппуйы, кæцытæм зæрдæ æхсайдта Базæйон станц "Заготзерно"-йæ компани "Остелеком"-ы зынаргъ ифтонгад адавыны, фехъусын кодта æртыццæджы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæйы кусæг Джиоты Алик.

"Оперативон-фæдагурæн мадзæлтты фæлгæтты æрцахстой цыппар зæрдæхсайгæ æнахъом лæппуйы. Уыдон басастысты сæ фыдракæндыл", - банысын кодта агентады ныхасæмбал.

МХМ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, адавæггæгты аргъ уыд æхсæз милуан сомы. Ифтонгады иу хай фæстæмæ раздæхтой.

Ног хабӕртты лентӕ
0